Телерадиокомпани «Ир» ӕмӕ уӕрӕсейаг радиостанцӕ «Орфей» хъусын кӕндзысты кӕрӕдзийы музыкӕ
🔻 Хуссар Ирыстоны телерадиокомпани «Ир» бафыста бадзырд радиостанцӕ «Орфей»-имӕ. Ахӕм хъӕппӕрис бахаста уӕрӕсейаг радиостанцӕ. Бадзырд ӕххӕстгонд цӕудзӕн афӕдз.
Йӕ фӕлгӕты «Орфей» лӕвар дӕтты уацмыстӕ: фольклорон музыкæ, советон композиторты зарджытӕ, сывӕллӕттӕн радиобакастытӕ. Хуссар Ирыстоны радио та ратдзӕн ирон адӕмон зарджытӕ.
💬 «Ныртӕккӕ ӕмгуыст кӕнӕм Бразили, Индонези, африкӕйаг бӕстӕты ӕмӕ Киргизийы радиостанцӕтимӕ. Ныр та кусдзыстӕм Хуссар Ирыстонимӕ. Уый нын ӕхсызгон у», — радзырдта «Сапӕ»-йӕн радиостанцӕ «Орфей»-ы генералон директоры хӕдивӕг Юлия Полякова.
➡️ Хӕстӕгдӕр рӕстӕг радио «Ир»-ы къуыри иу хатт цӕуын райдайдзӕн уӕрӕсейаг муызыкӕйы тыххӕй программӕ. Цӕудзӕн сахат. Ныридӕгӕн хуссарирыстойнаг телерадиокомпанийы архив фӕхъӕздыгдӕр бирӕ уацмыстӕй, се 'хсӕн 1940-1950 азты кинонывты музыкӕ, фортепианойӕн джазы сюитӕтӕ. Нырыккон уӕрӕсейаг зарджытӕ сæм нӕма ӕрбарвыстой.
⚫️ Дæхи «СапÆ»-йыл бафысс
Йӕ фӕлгӕты «Орфей» лӕвар дӕтты уацмыстӕ: фольклорон музыкæ, советон композиторты зарджытӕ, сывӕллӕттӕн радиобакастытӕ. Хуссар Ирыстоны радио та ратдзӕн ирон адӕмон зарджытӕ.
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
This media is not supported in your browser
VIEW IN TELEGRAM
Ӕнӕивгӕ хъуыддӕгтӕ дӕр разыны: бӕлӕстӕ ӕхсӕдыны сезон райдыдта загъдӕй
🔻 Дзусы-фырты уынджы 30 хӕдзары цӕрджытӕ хъаст кӕнынц, сӕ кӕрты сын дзӕбӕх ӕмӕ фидар бӕлӕстӕ кӕй калынц, уымæй. Сӕ иуӕн сын фарон йӕ хус къалиутӕ алыг кодтой, афӕдзмӕ йыл чи фӕзынд, уыцы къалиутӕ та кӕй базӕронд ӕмӕ бахус сты, уый сӕм диссаг кӕсы. Цы ӕнгуз бӕлас акалдтой, уый ӕрыгон бӕлас уыд, зӕгъынц цӕрджытӕ.
💬 «Афтӕ нын загътой, ома, цӕрджытӕй кӕйдӕр хъыгдардта. Чи зоны, кӕмӕдӕр ахӕм курдиат уыдис. Фӕлӕ бӕлас акалыныл хъуамӕ цӕрджытӕ иууылдӕр сразы уой. Махӕй ахӕм бар ничи райста. Кӕрт цъӕх фӕлыстæй хъуаг у, ныр та ма нын нӕ бӕлӕстӕ дӕр калынц», — мӕсты кӕнынц уыдон.
Адӕммӕ фарстатӕ уыд бӕлас калынӕн бардӕттӕг гӕххӕтты тыххӕй дӕр. Уӕвгӕ ис, фӕлӕ йӕ 2024 азы рафыстой. Сӕ хъуыдымӕ гӕсгӕ, фароны гӕххӕттӕн йе 'мгъуыд фӕци. Администрацийы кусджытӕ та зӕгъынц, гӕххӕттӕн ӕмгъуыд нӕй, зӕгъгӕ.
➡️ Дзӕуджыхъӕуы администрацийы «Сапӕ»-йӕн куыд бамбарын кодтой, афтӕмӕй кӕрты куыстой «Владзеленстрой»-ы специалисттӕ. «Владлес-Экологи»-йы эксперттӕ та скодтой хатдзӕг: калд бӕлас уыд аварион ӕмӕ адӕмӕн тӕссаг. Уыцы бон ма специалисттӕ хъуамӕ бахсæстаиккой ноджы 17 бӕласы, фӕлӕ адӕм сӕ машинӕтӕ газоны цур кӕй ӕвӕрынц, уый бӕлӕсты «аирвӕзын» кодта.
⚫️ Дæхи «СапÆ»-йыл бафысс
Адӕммӕ фарстатӕ уыд бӕлас калынӕн бардӕттӕг гӕххӕтты тыххӕй дӕр. Уӕвгӕ ис, фӕлӕ йӕ 2024 азы рафыстой. Сӕ хъуыдымӕ гӕсгӕ, фароны гӕххӕттӕн йе 'мгъуыд фӕци. Администрацийы кусджытӕ та зӕгъынц, гӕххӕттӕн ӕмгъуыд нӕй, зӕгъгӕ.
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
Ирæттæй Советон Цæдисы хъайтары ном æппæты фыццаг чи райста?
Anonymous Quiz
8%
Коцты Константин
40%
Мымсыраты Хадзы-Умар
8%
Цоциты Василий
43%
Остъаты Алексей
Абоны цаутыл афӕлгӕсгӕйӕ, уӕ цӕст цавӕр ныхӕстыл ӕрхӕцыд?
➡️ Ацы изӕр уӕ зонгӕ кӕнӕм ног дзырдимӕ — пъырыстыф.
⚫️ Дæхи «СапÆ»-йыл бафысс
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
Алы райсом пайдаимӕ!
📆 Кӕд цард чиныг у, уӕд йӕ бонтӕ — сыфтӕ. Чиныджы сыфтыл та ӕмбисӕндтӕ дӕр вӕййы.
#ӕлвӕст_хъуыдытӕ
#ӕлвӕст_хъуыдытӕ
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
«Мамысон»-ы курорт байгом кӕныны бон автобусты лӕвар аласдзысты 500 адӕймаджы
🔻 14 мартъийы автобустӕ 9 сахатыл лӕудзысты ирон театры цур, Къостайы проспекты 'рдыгӕй. Куыд дзаг кӕной, афтӕ цӕудзысты Мамысонмӕ.
💬 «Ацӕуӕн ис лӕвар. 500 адӕймагӕн самал кодтам транспорт. Кӕй фӕнды, уыдон кӕд фылдӕр уой, уӕд ракӕндзыстӕм уӕлӕмхасӕн автобустӕ», — радзырдтой «Сапӕ»-йӕн транспорты комитеты.
Курорт байгом кӕныны бӕрӕгбоны мадзӕлттæ куы фæуой, уæд адӕмы раласдзысты фӕстӕмӕ.
➡️ «Сапӕ» ма куыд фыста, афтӕмӕй Дзӕуджыхъӕуӕй Масысонмӕ фӕткмӕ гӕсгӕ цӕудзӕн автобус: алы бон дӕр Пушкинскийы автовокзалӕй 9 ӕмӕ 16 сахатыл.
⚫️ Дæхи «СапÆ»-йыл бафысс
Курорт байгом кӕныны бӕрӕгбоны мадзӕлттæ куы фæуой, уæд адӕмы раласдзысты фӕстӕмӕ.
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
Черменыхъӕуы электрон тыхӕй хъыгдардбаййафӕг лӕппуйӕн Сочийы кӕнынц реабилитацион мадзӕлттӕ
🔻 11-аздзыд Букуылты Муратӕн фӕткмӕ гӕсгӕ реабилитаци кӕнынц бальнеологон курорт «Мацеста»-йы. Физиотерапевт ын снысан кодта бӕлвырд медицинон мадзӕлттӕ. Зӕгъӕм, сыгъд буары хӕйттӕн сондонгуыры хи найын, дзӕбӕхгӕнӕн ӕлыгӕй аппликацитӕ кӕнын ӕмӕ ӕндӕртӕ. Уый тыххӕй «Сапӕ»-йӕн фехъусын кодта лӕппуйы мад Букуылты Нонӕ.
💬 «Мӕйы кӕромӕ ам уыдзыстӕм. Уый фӕстӕ хатдзӕгты тыххӕй фехъусын кӕндзынӕн, чи нӕ дзӕбӕх кӕны, уыцы дохтырӕн Дӕллаг Новгородӕй. Уӕд нын зӕгъдзӕн, Дӕллаг Новгороды клиникӕмӕ нӕ тӕхын хъӕуы ӕви нӕ, уый. Ахӕм операцитӕ кæмæн скӕнынц, уыдоны арӕх ногӕй ссӕуын кӕнынц афӕдзы фӕстӕ. Фӕлӕ Мураты сыгъдтытӕ тынг арф сты, ностӕй баззадысты. Ӕмӕ нын цы дзуапп ратдзӕн, уымӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсдзыстӕм», — зӕгъы Нонӕ.
➡️ «Сапӕ» куыд фыста, афтӕмӕй Мураты электрон тых бахъыгдардта 2024 азы 22 сентябры Черменыхъӕуы скъолайы кӕрты. Цалдӕр боны фӕстӕ лӕппуйы арвыстой Дӕллаг Новгороды клиникӕмӕ. Уым ын иртасӕн центры специалисттӕ сыгъд буары хӕйттæ баивынӕн скодтой цыппар операцийы.
⚫️ Дæхи «СапÆ»-йыл бафысс
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
Кокайты Артуры фӕнд кӕнынц Цӕгат Ирыстоны адӕймаджы бартӕ хъахъхъӕнӕг ӕххӕстбарджын минӕварӕй снысан кӕнын
🔻 Регионы разамонӕг Сергей Меняйло парламентмӕ бахаста Кокайты Артуры Цӕгат Ирыстоны адӕймаджы бартӕ хъахъхъӕнӕг ӕххӕстбарджын минӕварӕй снысан кӕныны хъӕппӕрис. Ныртӕккӕ у сывӕллӕтты омбудсмен.
➡️ 2020 азӕй фӕстӕмӕ республикӕйы адӕймаджы бартӕ хъахъхъӕнӕг ӕххӕстбарджын минӕвар у Цгъойты Тамерлан. 2025 азы йӕ куысты ӕмгъуыд фӕвӕййы.
⚫️ Дæхи «СапÆ»-йыл бафысс
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
Ӕгкацаты Станиславмӕ фӕдзырдтой Уӕрӕсейы иугонд командӕмӕ футболӕй
🔻 Ацы мæй футболон ӕмбырдтӕм фӕдзырдтой 31 спортсменмӕ. 19 мартъийы иугонд командӕ ахъаздзӕн Гренадӕйы, 25 мартъийы та — Замбийы командӕтимӕ. Дыууӕ матчы дӕр уыдзысты Мӕскуыйы стадион «Динамо»-йы.
Ноябры дӕр Сталислав уыд хуынд иугонд командӕмӕ. Уӕд хъазыдысты Брунейы командӕимӕ ӕмӕ йӕ хызы иунӕг порти дӕр нӕ батахт.
⚫️ Дæхи «СапÆ»-йыл бафысс
Ноябры дӕр Сталислав уыд хуынд иугонд командӕмӕ. Уӕд хъазыдысты Брунейы командӕимӕ ӕмӕ йӕ хызы иунӕг порти дӕр нӕ батахт.
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
Фæстæрдæм тæхын йæ бон цавæр маргъæн у?
Anonymous Poll
14%
Альбатросæн
19%
Цъиусурæн
59%
Колибрийæн
7%
Уарийæн
Мӕздӕджы районы цӕрӕгыл байгом кодтой уголовон хъуыддаг, Сырх чиныгмӕ хаст кӕсаг электрон ӕнгуырӕй кӕй ахста, уый тыххӕй
🔻 Хъызлары 39-аздыд цӕрӕджы фӕндыд кӕсаджы фыдӕй йӕхи фенын ӕмӕ январы тар ӕхсӕвтӕй иуы араст Терчы былмӕ. Цӕмӕй йӕхицӕн зын ма скӕна, уый тыххӕй ма йемӕ электрон ӕнгуыр рахаста. Фӕлӕ йӕ фӕндтӕй ницы рауад, пъӕлицӕ ӕмӕ йын Росрыболовствойы специалисттӕ йӕ фӕндаг аивтой.
«Сапӕ» куыд базыдта, афтӕмӕй экспертизӕйы хатдзӕгтӕм гӕсгӕ, нӕлгоймаг ахста каспиаг кумжу (каспиаг ӕргъай кӕсаг). Хаст у Уӕрӕсейы Сырх чиныгмӕ.
➡️ Нӕлгоймагыл байгом кодтой уголовон хъуыддаг.
⚫️ Дæхи «СапÆ»-йыл бафысс
«Сапӕ» куыд базыдта, афтӕмӕй экспертизӕйы хатдзӕгтӕм гӕсгӕ, нӕлгоймаг ахста каспиаг кумжу (каспиаг ӕргъай кӕсаг). Хаст у Уӕрӕсейы Сырх чиныгмӕ.
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
Абоны цаутыл афӕлгӕсгӕйӕ, уӕ цӕст цавӕр ныхӕстыл ӕрхӕцыд?
➡️ Ацы изӕр уӕ зонгӕ кӕнӕм ног дзырдимӕ — сондонгуыр.
⚫️ Дæхи «СапÆ»-йыл бафысс
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
Алы райсом пайдаимӕ!
📆 Кӕд цард чиныг у, уӕд йӕ бонтӕ — сыфтӕ. Чиныджы сыфтыл та ӕмбисӕндтӕ дӕр вӕййы.
#ӕлвӕст_хъуыдытӕ
#ӕлвӕст_хъуыдытӕ
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
Ацы аз Цӕгат Ирыстоны хъӕдты зынгсирвӕзтытӕ нӕ уыд
🔻 Ацы аз Цӕгат Кавказы ӕмӕ Хуссар федералон зылды 5 регионы хъӕдты абоны онг зынгсирвӕзтытӕ нӕ уыдис. Сты Кӕсӕг-Балхъар, Цӕцӕны ӕмӕ Цӕгат Ирыстоны республикæтæ, Астраханы облӕст ӕмӕ Севастополь.
Фарон Цӕгат Кавказы ӕмӕ Хуссар федералон зылдты ӕрцыд 155 зынгсирвӕзты. Ӕппӕтӕй тӕссагдӕр уавӕр уыд Ростовы ӕмӕ Волгограды облӕстты, стӕй Хъырымы.
➡️ Рослесхозы разамонӕджы хӕдивӕг Михаил Козлов Архызы хатдзӕгтӕгӕнӕн ӕмбырды куыд фехъусын кодта, афтӕмӕй Цӕгат Кавказы ӕмӕ Хуссар федералон зылдты хъӕды хӕдзарады куыст фӕхуыздӕр кӕнынӕн цы 'хца радих кӕнынц, уыдон 2025 азы фӕфылдӕр кӕндзысты 396,4 милуан сомы.
⚫️ Дæхи «СапÆ»-йыл бафысс
Фарон Цӕгат Кавказы ӕмӕ Хуссар федералон зылдты ӕрцыд 155 зынгсирвӕзты. Ӕппӕтӕй тӕссагдӕр уавӕр уыд Ростовы ӕмӕ Волгограды облӕстты, стӕй Хъырымы.
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
Петербурджы ӕрцахстой, фӕндагон загъды кард чи систа, уыцы цӕгатирыстойнаг 20-аздзыд лӕппуйы
🔻 Санкт-Петербурджы Литийаг проспекты дыууӕ шофыры 'хсӕн фӕндагыл рауад хъаугъа. Йӕ масты фӕдыл цӕугӕйӕ сӕ иу иннӕмӕ кард систа. Дыккаг шофыр хъаст балӕвӕрдта пъӕлицӕмӕ.
Хылмондаг шофыры оперативон кусджытӕ уайтагъд ӕрцахстой. «Сапӕ» куыд базыдта, афтӕмӕй разынд цӕгатирыстойнаг лӕппу, Троицкæйы 20-аздзыд цӕрӕг. Ныртӕккӕ та цӕры Петербурджы Садовыйы уынджы.
⚫️ Дæхи «СапÆ»-йыл бафысс
Хылмондаг шофыры оперативон кусджытӕ уайтагъд ӕрцахстой. «Сапӕ» куыд базыдта, афтӕмӕй разынд цӕгатирыстойнаг лӕппу, Троицкæйы 20-аздзыд цӕрӕг. Ныртӕккӕ та цӕры Петербурджы Садовыйы уынджы.
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
Мамысоны курорт сӕмбӕлд фыццаг уазджытыл
🔻 Абон ӕм ссыдысты сӕдӕгай адӕм. Къахдзоныгътыл бырæн хӕххон трассӕтӕ, æрдзы диссаджы нывтӕ ӕмӕ ӕмбал кӕмӕн нӕй, ахӕм уӕлдӕф.
Курорты сарӕзтой сценӕ ӕмӕ дзы уыдзӕн фӕлладуадзӕн бынат байгом кӕныны фӕдыл бӕрӕгбоны концерт. Сценӕйы алыварс ис фудкорттӕ, къахдзоныгътӕ ӕмӕ ӕндӕр хъӕугӕ дзаумӕттӕ райсӕн кӕм ис, ахӕм пункттӕ. Фыццаг трассӕмӕ фӕлладуадзджытӕ абалц кӕнынц ӕфсӕн бӕндӕнвӕндагыл ӕхгӕд кабинкӕты.
Фыццаг уазджытӕ «Сапӕ»-йӕн куыд радзырдтой, афтӕмӕй «Мамысон» байгом кӕнынмӕ тынг ӕнхъӕлмӕ кастысты.
💬 «Уый историон цау у. Трассӕтӕ уӕрӕх, ӕдас сты ӕмӕ дзы ӕнцон уыдзӕн куыд дӕсны бырджытӕн, афтӕ, чи ахуыр кӕны, уыдонӕн дӕр», — зӕгъынц уазджытӕ.
Курорты минӕвӕрттӕ куыд радзырдтой, афтӕмӕй ма сын бирӕ куыст ис. Цӕмӕй бӕрзонддӕр ӕмвӕзадмӕ рахизой ӕмӕ иннӕтӕй хуыздӕр уой, уый тыххӕй кусдзысты инфраструктурӕ, аивдзинад ӕмӕ ӕнцондзинадыл. Цӕмӕй дзы алчидӕр удӕнцой иса.
➡️ «Сапӕ» куыд фыста, афтӕмӕй «Мамысон» хъуамӕ байгом уыдаид 28 февралы. Фӕлӕ тынг уазӕлттӕ ӕмӕ дымгӕ кӕй кодта, уый аххосӕй йӕ аргъӕвтой.
📄 Фарон майы Сергей Меняйло фехъусын кодта, проекты аргъ кæй у 19 миллиард сомы. Иууылдӕр сты инвесторты ӕхца.