Media is too big
VIEW IN TELEGRAM
Мартъийы рæстæг фæлдурæджджын кæй вæййы, арæх кæй ивы, адæймаджы низтæ кæй сабухын кæны, уымæ гæсгæ йæ хонынц тæргайгæнæг, стæй хъæнтæбæрæггæнæг дæр.
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
Дзӕуджыхъӕуы сывӕллӕтты рӕвдауӕндӕттӕй иуы хицауы азымджын кӕнынц 500 мин сомы аргъ цӕстфӕлдахӕн митӕй
🔻 Слестгӕнджыты хъуыдымӕ гӕсгӕ, Пушкинскийы уынджы скъолайы агъоммӕ ахуырады центр «Абвгдейка»-йы разамонджытӕй иу гӕххӕттыты фыста мӕнг бӕрӕггӕнӕнтӕ. Ахӕм хуызы йӕ фӕндыдис паддзахадон ӕххуыс райсын. «Сапӕ» куыд базыдта, афтæмæй ахӕм архайды аххосӕй регионы ахуырады министрадӕн зиан ӕрхаста 530 мин сомы. Байгом ыл кодтой дыууӕ уголовон хъуыддаджы.
📄 Центрмӕ ӕмбӕлдысты ахуырады лӕггӕдтӕн субсидитӕ. Сӕ райсынӕн хицауы хӕдивӕг гӕххӕттыты ныффыста, ахуырдзауты нымӕц сæм дзӕвгар фылдӕр кӕй у, уый. Афтӕмӕй 2023 азы субсидитӕ райстой 325 мин сомы, 2024 азы та — 210 мин сомӕй фылдӕр.
➡️ Уголовон хъуыддаг кӕуыл байгом кодтой, уыцы субсидитӕуарзаг адӕймаг ӕрӕджы сси ахуыргӕнӕндоны хицау.
⚫️ Дæхи «СапÆ»-йыл бафысс
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
Media is too big
VIEW IN TELEGRAM
Хӕстонты кадӕн
🔻 Фыдыбӕстӕйы Стыр хӕсты Уӕлахизӕй рацыд 80 азы. Рӕстӕджы уылӕнтӕ семӕ бирӕ ивддзинӕдтӕ хӕссынц. Ӕнӕивгӕ у иу хъуыддаг — Советон Цӕдисы сырхӕфсӕддонты хъӕбатырдзинад ӕмӕ лӕгдзинад. Инӕларӕй салдаты онг сӕ алчидӕр ӕнӕуынонӕй тох кодта знаджы ныхмӕ. Бӕллыд ӕмӕ йӕхиуыл нӕ ауӕрста Стыр Уӕлахизы сӕраппонд.
➡️ «Сапӕ»-йы кусджытӕй рох не сты. Бацӕттӕ кодтам нӕхи акци — «Уӕлахиздзаутӕ». Сӕ иу — Хъалӕгаты Харитон.
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
Къофи æппæты фыццаг кæцы бæстæйы фæзынд?
Anonymous Quiz
22%
Колумбийы
40%
Эфиопийы
34%
Бразилийы
4%
Индонезийы
Абоны цаутыл афӕлгӕсгӕйӕ, уӕ цӕст цавӕр ныхӕстыл ӕрхӕцыд?
🔻 Ацы изӕр уӕ зонгӕ кӕнӕм ног дзырдимӕ — мархо.
⚫️ Дæхи «СапÆ»-йыл бафысс
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
Алы райсом пайдаимӕ!
📆 Кӕд цард чиныг у, уӕд йӕ бонтӕ — сыфтӕ. Чиныджы сыфтыл та ӕмбисӕндтӕ дӕр вӕййы.
#ӕлвӕст_хъуыдытӕ
#ӕлвӕст_хъуыдытӕ
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
Хуссар Ирыстоны президенты рынчындонӕй рафыстой
🔻 «Сапӕ» куыд базыдта, афтӕмӕй Гаглойты Аланы медицинон уагдонӕй рафыстой абон райсомӕй.
📄 Хуссар Ирыстоны президенты рынчындонмӕ фӕхӕццӕ кодтой, инфарктӕй йыл гуырысхо кӕй кодтой, уый фӕдыл. Цыппӕрӕмы бонӕй бавзӕр ӕмӕ йӕ ӕвӕстиатӕй Цхинвалӕй Дзӕуджыхъӕуы клиникон рынчындонмӕ фӕхӕццӕ кодтой.
⚫️ Дæхи «СапÆ»-йыл бафысс
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
Хъармгӕнӕн сезон Цӕгат Ирыстоны фӕуыдзӕн апрелы астӕу
🔻 Фӕстаг рӕстӕг кӕд тынг фӕхъарм, уӕддӕр хъармгӕнӕнтӕ кусынц фӕткмӕ гӕсгӕ. Ӕрмӕст агты фӕкъаддӕр кодтой температурӕ. Домӕнтӕм гӕсгӕ уӕлдӕфы температурӕ 0-10 градусы хъарм куы вӕййы, уӕд кусджыты бон у хъармгӕнӕнтӕй цӕуӕг хӕтӕлты доны температурӕ 65 градусы скӕнын. Уый тыххӕй фехъусын кодта Дзӕуджыхъӕуы доны хӕдзарады филиалы хицау Бокоты Виталий.
Синоптикты хъусынгӕнинӕгтӕм гӕсгӕ та къуырийы фӕстӕ ногӕй фӕуазал уыдзӕн. Уӕлдӕфы температурӕ ӕрхаудзӕн 3 градусмӕ. Ӕхсӕвыгӕтты уыдзӕн нолӕй дӕлӕмӕ.
⚫️ Дæхи «СапÆ»-йыл бафысс
Синоптикты хъусынгӕнинӕгтӕм гӕсгӕ та къуырийы фӕстӕ ногӕй фӕуазал уыдзӕн. Уӕлдӕфы температурӕ ӕрхаудзӕн 3 градусмӕ. Ӕхсӕвыгӕтты уыдзӕн нолӕй дӕлӕмӕ.
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
Цалцӕджы фӕстӕ Дзӕуджыхъӕуы байгом кодтой ЦИПУ-йы дыууӕ ӕмдзӕрӕны
🔻 Абон Бутырины уынджы байгом сты ЦИПУ-йы 1 ӕмӕ 2 ӕмдзӕрӕн. Бындуронӕй сӕ сцалцӕг кодтой, уæттӕ сифтонг кодтой хъӕугӕ техникӕ ӕмӕ дзаумӕттӕй.
📄 Куыстытӕ райдыдтой фарон ӕмӕ сыстадысты 162 милуан сомы. Радих сӕ кодтой федералон къазнайӕ. 1 ӕмдзӕрӕны фыццаг цӕрджытӕ ӕрцардысты 1952 азы, бынат дзы ис 243 адӕймагӕн. 10 азы размӕ йӕ гыццыл рацарӕзтой, ныр та ма сног кодтой бӕстыхайы ӕддаг бакаст æмæ уæттæ. 2 ӕмдзӕрӕн эксплуатацимӕ радтой 1969 азы. Бынат дзы ис 112 адӕймагӕн. Фӕстаг хатт ӕй цалцӕг кодтой 17 азы размӕ.
⚫️ Дæхи «СапÆ»-йыл бафысс
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
Цхинвалы такситӕй арӕхдӕр пайда кӕнын райдыдтой
🔻 Кӕд раздӕр бонмӕ 1,5 мин заказы уыд, уӕд ныр 2 минмӕ дӕр схӕццӕ вӕййынц, радзырдта «Сапӕ»-йӕн автопарктӕй иуы хицау Хъӕцмӕзты Мэлс.
Горӕты ис цыппар таксийы фирмӕйы. Сӕ иу фарон фӕзынд. Йӕ хицау Ходы Светланӕйы хъуыдымӕ гӕсгӕ, такси арæхдæр уымæн бацагурынц, ӕмӕ горӕты ӕгӕр бирӕ машинӕтӕ ис ӕмӕ фистӕгæй цӕуджыты хъыгдарынц.
💬 «Кӕд-иу раздӕр сывӕллӕтты ӕдасӕй фистӕгӕй скъоламӕ ӕрвыстой, уӕд ныр фӕндӕгтӕ афтӕ байдзаг сты, ӕмӕ сӕ цотӕн такси баххуырсынц. Афтӕмӕй сӕм сӕ зӕрдӕ къаддӕр ӕхсайы», — зӕгъы сылгоймаг.
Ис, ӕндӕр хъуыдыйыл хӕст чи у, ахӕмтӕ дӕр. Зӕгъӕм, хӕдзары машинӕ кӕмӕ ис, уыдон дӕр арӕх ӕрбадзурынц таксимӕ. Уымӕн ӕмӕ фӕндагыл цӕуыны ӕгъдӕуттӕ хорз чи нӕ зоны, уыдон сбирӕ сты. Семӕ фембӕлын та тӕсаг у.
💬 «Уыимӕ адӕмы фылдӕр хайы дӕр нӕ фӕнды машинӕ ӕлхӕнын, зилын ӕм. Фӕлӕ уӕддӕр сӕ нымӕц рӕзы. Иннӕ та ма уый, ӕмӕ ӕхсӕнадон транспорты уавӕр цӕрджыты зӕрдӕмӕ нӕ цӕуы. Ӕмӕ уӕд такси бацагурынц», — радзырда Хъӕцмӕзты Мэлс.
➡️ Ныртӕккӕ горӕты таксийыл ацӕуыны рӕстӕмбис аргъ у 100 сомы.
⚫️ Дæхи «СапÆ»-йыл бафысс
Горӕты ис цыппар таксийы фирмӕйы. Сӕ иу фарон фӕзынд. Йӕ хицау Ходы Светланӕйы хъуыдымӕ гӕсгӕ, такси арæхдæр уымæн бацагурынц, ӕмӕ горӕты ӕгӕр бирӕ машинӕтӕ ис ӕмӕ фистӕгæй цӕуджыты хъыгдарынц.
Ис, ӕндӕр хъуыдыйыл хӕст чи у, ахӕмтӕ дӕр. Зӕгъӕм, хӕдзары машинӕ кӕмӕ ис, уыдон дӕр арӕх ӕрбадзурынц таксимӕ. Уымӕн ӕмӕ фӕндагыл цӕуыны ӕгъдӕуттӕ хорз чи нӕ зоны, уыдон сбирӕ сты. Семӕ фембӕлын та тӕсаг у.
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
This media is not supported in your browser
VIEW IN TELEGRAM
Михайловскæйы иу мин цæрæгæй фылдæр æртыккаг бон сты æнæ донæй
🔻 Плийы-фырты, Яровойы æмæ Амайджыты уынгты цы фондзуæладзыгон хæдзæрттæ ис, уым дон нал цæуы 9 мартæй нырмæ. Уыцы бон аварион куыстытæ кæй кодтой, уый аххосæй сæм электроэнерги нал лæвæрдтой, донцъирæнтæ сæ кусынæй ныллæууыдысты. Изæрмæ куыст фесты, рæстæгмæ дон дæр цæуын райдыдта, фæлæ парахатæй нæ.
Дыккаг райсом фыццаг æмæ дыккаг уæладзгуыты дон æрмæст гæзæмæ тагъди. Уæлдæр чи цæры, уыдон та бынтондæр æнæ донæй баззадысты. Куыд сбæрæг, афтæмæй, зæххы арфы чи ис, уыцы донцъирæн фехæлд.
Абон райсомæй æрæвнæлдтой донцъирæн ивынмæ. Куыст цæуы зæххæй 180 метры дæлдæр.
💬 «36 хæтæлы дзы хъæуы сисын. Сæ алкæйы дæргъ дæр у 180 метры. Ома, хæтæл сисынц, 6 метры дæргъæн хай дзы разилынц, стæй йыл ногæй схæцынц æмæ та иу уыййас хай разилынц. Æрмæст уый фæстæ ис ног донцъирæн сæвæрæн. Хæтæлтæ фæстæмæ дæр ахæм хуызы æрисынц. Куыст цæуы. Фæлæ, хъыгагæн, ахæм авари аиуварс кæнын æнцон нæу. Цалдæр сахаты фæстæ адæммæ уыдзæн дон», — радзырдта «Сапæ»-йæн паддзахадон унитарон куыстуат «РПВВ»-йы разамонæг Хъараты Тимур.
Закъонмæ гæсгæ бынæттон хиуынаффæйадон оргæн аварийы фæстæ суткæйы дæргъы хъуамæ бынатмæ баласа дон. Фæлæ уый нырма нæ бакодтой.
⚫️ Дæхи «СапÆ»-йыл бафысс
Дыккаг райсом фыццаг æмæ дыккаг уæладзгуыты дон æрмæст гæзæмæ тагъди. Уæлдæр чи цæры, уыдон та бынтондæр æнæ донæй баззадысты. Куыд сбæрæг, афтæмæй, зæххы арфы чи ис, уыцы донцъирæн фехæлд.
Абон райсомæй æрæвнæлдтой донцъирæн ивынмæ. Куыст цæуы зæххæй 180 метры дæлдæр.
Закъонмæ гæсгæ бынæттон хиуынаффæйадон оргæн аварийы фæстæ суткæйы дæргъы хъуамæ бынатмæ баласа дон. Фæлæ уый нырма нæ бакодтой.
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
Дыккаг æппæтуæрæсеон фестиваль «Вахтангов. Путь Домой» райдайдзæн 6 июлы
🔻 Фестиваль байгом уыдзæн уынгты театрты рацыдæй. Уымæй цалдæр бон раздæр Дзæуджыхъæуы центры скусдзæн æрмадз «Картония». Уым цæрджыты бон уыдзæн сæхицæн дарæс бацæттæ кæнын.
Цæгат Ирыстонмæ цавæр спектакльтæ æрхæсдзысты, уыдоны эксперттæ æвзæрстой ноябрæй нырмæ. Фыццаг ацæудзæн мæскуыйаг театр «Мастерская Петра Фоменко»-йы спектакль «Совершенно невероятное событие (Женитьба в двух действиях)». Программæйы ма сты Санкт-Петербург, Казань, Улан-Уде, Элиста æмæ Рязаны театрты равдыстытæ.
Уынгты театртæ се сфæлдыстад адæмы рæгъмæ рахæсдзысты Хетæгкаты Къостайы номыл парчы. Спектакльтæй иу — Александр Пушкины æмдзæвгæмæ гæсгæ æвæрд «Фауст. Все утопить» — равдисдзысты цадыл.
💬 «Доныхъазты ракæндзысты хæстæг цадмæ, спектаклы спайда кæндзысты бæлæгътæй. Артисттыл сæ дарæсы бын уыдзæн ирвæзынгæнæн жилеттæ. Бынаты уыдзысты æнæнхъæлæджы уавæрты кусæг службæтæ дæр», — радзырдта уынгты театрты программæйы арт-директор Мария Литвинова.
Фестиваль фæуыдзæн 13 июлы. Артæй спайда кæнгæйæ ауадздзысты стыр шоу. Уымæй уæлдай уыцы бон уыдзæн концерт. Цы фæтк сфидар, уымæ гæсгæ лæвæрд æрцæудзысты премитæ Цæгат Ирыстон-Аланийы культурæйы рæзты, сфæлдыстады æмæ социалон къабазы сгуыхтдзинæдты тыххæй. Премийы лауреатты сбæрæг кæндзæн экспертты совет, кандидатты нæмттæ та зæгъдзысты республикæйы разамонæг æмæ хицауад. Æдæппæтæй ратдзысты æртæ премийы фæйнæ 100 мин сомы.
⚫️ Дæхи «СапÆ»-йыл бафысс
Цæгат Ирыстонмæ цавæр спектакльтæ æрхæсдзысты, уыдоны эксперттæ æвзæрстой ноябрæй нырмæ. Фыццаг ацæудзæн мæскуыйаг театр «Мастерская Петра Фоменко»-йы спектакль «Совершенно невероятное событие (Женитьба в двух действиях)». Программæйы ма сты Санкт-Петербург, Казань, Улан-Уде, Элиста æмæ Рязаны театрты равдыстытæ.
Уынгты театртæ се сфæлдыстад адæмы рæгъмæ рахæсдзысты Хетæгкаты Къостайы номыл парчы. Спектакльтæй иу — Александр Пушкины æмдзæвгæмæ гæсгæ æвæрд «Фауст. Все утопить» — равдисдзысты цадыл.
Фестиваль фæуыдзæн 13 июлы. Артæй спайда кæнгæйæ ауадздзысты стыр шоу. Уымæй уæлдай уыцы бон уыдзæн концерт. Цы фæтк сфидар, уымæ гæсгæ лæвæрд æрцæудзысты премитæ Цæгат Ирыстон-Аланийы культурæйы рæзты, сфæлдыстады æмæ социалон къабазы сгуыхтдзинæдты тыххæй. Премийы лауреатты сбæрæг кæндзæн экспертты совет, кандидатты нæмттæ та зæгъдзысты республикæйы разамонæг æмæ хицауад. Æдæппæтæй ратдзысты æртæ премийы фæйнæ 100 мин сомы.
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
Хуссар Ирыстоны æппæты бæрзонддæр хох — Бурхох (Халаца) — цал метры у?
Anonymous Quiz
11%
2632
29%
3452
46%
3938
14%
4784
Абоны цаутыл афӕлгӕсгӕйӕ, уӕ цӕст цавӕр ныхӕстыл ӕрхӕцыд?
➡️ Ацы изӕр уӕ зонгӕ кӕнӕм ног дзырдимӕ — ӕмдзӕрӕн.
⚫️ Дæхи «СапÆ»-йыл бафысс
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
Алы райсом пайдаимӕ!
📆 Кӕд цард чиныг у, уӕд йӕ бонтӕ — сыфтӕ. Чиныджы сыфтыл та ӕмбисӕндтӕ дӕр вӕййы.
#ӕлвӕст_хъуыдытӕ
#ӕлвӕст_хъуыдытӕ
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
Æхсæз адæймаджы азымджын кæнынц, Дзæуджыхъæуы рекреацион зонæйы 480 милуан сомы аргъ зæххытæ сæхирдыгæй кæй фæкодтой, уымæй
🔻 Федералон æмæ муниципалон зæххытæ адавтой тæрхондоны уынаффæтæ аивгæйæ. Мæнг документты руаджы зæххытæ сæхиуыл ныффыстой. Афтæмæй зиан æрхастой 477 милуан сомы, фехъусын кодтой Æдасдзинады федералон службæйы цæгатирыстойнаг управленийы. «Сапæ»-йы бæрæггæнæнтæм гæсгæ, цæстфæлдахæн миты азымджын кæнынц республикæйы дыууæ цæрæджы æмæ Ростовы облæсты цыппар цæрæджы.
Уыдон, барадхъахъхъæнджыты хъуыдымæ гæсгæ, сарæзтой æндæр мæнг гæххæттытæ дæр æмæ Сбербанчы кредитон фæрæзтæй адавтой 10 милуанмæ 'ввахс.
➡️ Хъуыддагмæ æркæсдзæн прокуратурæ, уый фæстæ йæ арвитдзысты тæрхондонмæ.
⚫️ Дæхи «СапÆ»-йыл бафысс
Уыдон, барадхъахъхъæнджыты хъуыдымæ гæсгæ, сарæзтой æндæр мæнг гæххæттытæ дæр æмæ Сбербанчы кредитон фæрæзтæй адавтой 10 милуанмæ 'ввахс.
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
Гуырдзыстоны раздæры президент Михаил Саакашвилийæн рахастой фараст азы ахæстоны фæбадыны тæрхон
🔻 Тбилисы горæты тæрхондоны уынаффæмæ гæсгæ паддзахады æхца хардз кæныны тыххæй Михаил Саакашвили хъуамæ 9 азы уа ахст. Уый тыххæй фехъусын кодта телеканал «Мтавари архи».
Ацы хъуыддаджы Гуырдзыстоны раздæры президенты азымджын кæнын райдыдтой 2014 азы. Слестгæнджытæ куыд зæгъынц, афтæмæй бюджеты фæрæзтæй йæхицæн æлхæдта пиджактæ, сахæттæ, бафыста йæ фырты ахуырæн, схардз кодта æхца косметикон процедурæтæн, афтæ ма хаццоны иста зынаргъ машинæтæ æмæ хæдтæхæг. Зиан æрхаста 3,2 милуан долларæй фылдæр.
Йемæ æмдзæхдон уыд паддзахадон хъахъхъæнынады сæрмагонд службæйы раздæры разамонæг Теймураз Джанашия дæр. Тæрхондон ын снысан кодта 300 мин лирæйы (100 мин доллары бæрц) ивар.
📄 Михаил Саакашвилийы æрцахстой 2021 азы октябры, Украинæйæ куы сыздæхт, уый фæстæ. Байгом ыл кодтой фондз уголовон хъуыддаджы. Уыдонæй йын дыууæйы фæдыл фæсаууонмæ стæрхон кодтой 6 азы ахæстоны фæбадын.
⚫️ Дæхи «СапÆ»-йыл бафысс
Ацы хъуыддаджы Гуырдзыстоны раздæры президенты азымджын кæнын райдыдтой 2014 азы. Слестгæнджытæ куыд зæгъынц, афтæмæй бюджеты фæрæзтæй йæхицæн æлхæдта пиджактæ, сахæттæ, бафыста йæ фырты ахуырæн, схардз кодта æхца косметикон процедурæтæн, афтæ ма хаццоны иста зынаргъ машинæтæ æмæ хæдтæхæг. Зиан æрхаста 3,2 милуан долларæй фылдæр.
Йемæ æмдзæхдон уыд паддзахадон хъахъхъæнынады сæрмагонд службæйы раздæры разамонæг Теймураз Джанашия дæр. Тæрхондон ын снысан кодта 300 мин лирæйы (100 мин доллары бæрц) ивар.
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
Цӕгат Ирыстоны цӕрджытӕ транспортон хъалон хӕс дарынц 780 милуан сомы
🔻 Республикӕйы 95 мин цӕрӕджы транспортон хъалонӕн хӕс дарынц. Уый тыххӕй фехъусын кодта Сергей Меняйло. Куыд бафиппайдта, афтӕмӕй уый аххосӕй республикӕйы хидтӕ ӕмӕ фӕндӕгты арӕзтадӕн, стӕй лӕууӕн бынӕттӕм базилынӕн фаг фӕрӕзтӕ нӕ разынд.
💬 «Транспортон хъалон у нӕ республикӕйы фӕндагон инфраструктурӕйы рӕзт. Не 'ппӕтӕй дӕр аразгӕ у. Хорз фӕндӕгтӕ алкӕйдӕр хъӕуынц: шофырты, фистӕгæй цӕуджыты, ӕхсӕнадон транспорты бӕлццӕтты», — загъта Меняйло.
Йӕ ныхасмӕ ма бафтыдта, фӕндагон инфраструктурӕ ӕмӕ хъалонты 'хсӕн хуымӕтӕг бастдзинад кӕй ис, уый. Бюджетмӕ цас фылдӕр хъалонтӕ цӕуы, уыйбӕрц фӕндӕгтӕ ӕмӕ сӕ алыварс фӕзуат кӕны хуыздӕр, фӕндагон змӕлд та — ӕдасдӕр.
➡️ Сӕрмагонд ӕмбырды регионы разамонӕг автоинспекцийӕ, хъалонисӕн ӕмӕ пъырыстыфты службӕтӕй бадомдта хӕстӕгдӕр рӕстӕг хъуыддагыл бакусын, хӕсджынтимӕ карздӕр уӕвын.