Тугэмы хъуыдытӕ
174 subscribers
249 photos
22 videos
276 links
Георгий Эмзарович
Наука и образование из Алании.
Сенсей по физике.
Свое мнение обо всем.
@tugem
加入频道
June 21, 2018
May 6, 2019
#prestolyqæstytæ #ӕvzag

Кӕд зарын нӕ зонын уӕд мын ӕй ныххатыр кӕнут. Ӕвзаг цӕмӕй парахат кӕна, хъӕуы дзы мейнстримон хъуыддӕгты пайда кӕнын. "Игра престолов" - мӕ чи кӕсы уый ӕвӕццӕгӕн хорз бахъуыды кодта 2 серийы Подрикы зарӕг. Ӕмӕ йӕ мӕнӕ ратӕлмац кодтон. Табуафси байхъусут мӕ зынаргъ бафысджытӕ.

P.S. :Кӕд уӕм талмац кӕнын кӕнӕ, ӕндӕр проекттӕ и ирон ӕвзагимӕ баст уӕд мӕм фыссут, ӕмӕ уӕ фарсмӕ балӕудзынӕн.

https://yangx.top/quydy/62
May 10, 2019
#ӕvzag

Хазби, ме фсмӕр. Уӕлдай дзы бынтондӕр нӕй кириллон ӕви латинаг дамгъӕтӕй фыссӕм, нӕхи дамгъӕтӕ нын уӕддӕр нӕй. Иудзинад нӕм уа, уый у мӕ бӕллиц. Ӕмӕ нӕ дамгъӕтӕ дӕр мӕнмӕ гӕсгӕ иу хъомӕ уой. Нӕ Хуыцау дӕр иу хъомӕ уа.
Иу хатт бафарстон Порталы Альберты, зӕгъын цӕмӕ фыссут латинаг дамгъӕтӕй. Ӕмӕ мын дзуапп радта: цӕмӕй дам нӕ Турчы Ирӕттӕ мбарой. Ӕмӕ мӕм ахӕм фарст и: Турчы 15 мин хъомӕ сахуыр кӕной кириллон алфавит ӕви Ирыстоны 4 сӕдӕ мины латинаг? Ӕз разы дӕн, фӕстейы нӕ фӕлӕудзынӕн ӕмӕ латинагмӕ ахиздзынӕн куыддӕр паддзахадон уынаффӕ рахасса нӕ парламент. Фӕлӕ ма йӕ иухатт дӕр дзурын: нӕ фыццаг бӕллиц-НӔ ИУДЗИНАД!

https://yangx.top/xazbi/302
May 30, 2019