Тугэмы хъуыдытӕ
173 subscribers
249 photos
22 videos
276 links
Георгий Эмзарович
Наука и образование из Алании.
Сенсей по физике.
Свое мнение обо всем.
@tugem
加入频道
#hohag #irondzinad

Хохаг ма у ирон адӕймаг? Мӕнмӕ гӕсгӕ нӕйы ӕмӕ хохаг закъӕттӕ дӕр нӕ царды нал сты ӕмӕ нал дӕр хъомӕ уой. Быдырмӕ лидзӕм, нӕ хӕхтӕ ныддзӕрӕг сты, фӕлӕ уыцы хохаг "движенитӕ" нӕм уӕддӕр баззадысты. Иу хатт мын мӕ зонгӕ бацамыдта чиныг "Заповедь" Черчесты Георгийы фыст роман. Мӕ зӕрдӕмӕ нӕ фӕцыд уыцы хохаг миты тыххӕй. Лӕппу чызгмӕ бакаст, уый йӕ цӕстытӕ бамбӕхста ӕмӕ а.д. Хъӕддаг митӕ мӕм кӕсынц адон. Гӕнӕн и уымӕн ӕмӕ нырыккон царды ахӕм цыдӕртӕ нал фендзынӕ. Цы мӕ фӕнды зӕгъын: "Рӕстдзинад дзы и хохы закъӕтты, фӕлӕ цард аивта ӕмӕ нӕ культурӕ "нӕй гӕнӕн"-ыл куы амайӕм уӕд тагъд рӕстӕджы ирондзинад цы у уый ферох уыдзӕни. О, мбарын ӕй ӕгъдӕуттыл хӕцын хъӕуы, фӕлӕ уӕд цӕуыннӕ хӕцӕм нӕ фыдӕлты ӕгъдӕуттыл? Мӕнмӕ гӕсгӕ скифтӕ ӕртӕ кӕрдзын нӕ арызтой, кувдтой Папаймӕ, цардысты бӕхуӕрдӕттыл. Цард куыд ивы, афтӕ ӕгъдӕттӕ дӕр йемӕ ивынц. Нӕу раст Сабырдзинады проспектыл лӕппу ӕмӕ чызг къухтыл хӕцгӕ куы фӕцӕуынц, фӕлӕ йын ныцы гӕнӕн и. Ахӕм цард ӕрцыд абон ӕмӕ махӕн дӕр нӕ ӕгъдӕуттӕ ивын хъӕуы, ӕндӕра сӕфдзӕн нӕ ӕвзаг. Ӕвзагимӕ та ирондзинад.

https://yangx.top/alixandzinad/1226