Тугэмы хъуыдытӕ
173 subscribers
249 photos
22 videos
276 links
Георгий Эмзарович
Наука и образование из Алании.
Сенсей по физике.
Свое мнение обо всем.
@tugem
加入频道
#iryston #fyssæg

Ирон литературӕ ахуыр фӕкӕнӕм скъолайы, бирӕ зындгонд фысджыты ӕмӕ поэтты куыстытимӕ базонгӕ вӕййӕм фӕлӕ, никуы федтон инфографикӕй хуызы исты информаци ирон ӕвзагимӕ баст. Ӕмӕ кӕд мӕхӕдӕг иттӕг хорз нӕ зонын ахӕм нывтӕ кӕнын, уӕддӕр истӕмӕй райдайын хъӕуы. Бафӕлвӕрстон гугл-картӕйыл нысӕнттӕ сывӕрын цы бӕнӕтты райгуырдысты нӕ зындгонд поэттӕ, фысджытӕ ӕмӕ филологтӕ.


Рӕдыдтытӕ кӕд ис, уӕд мын ӕй табуафси фӕхабар кӕнут.
#fyssæg #Zinæ

Мартъийы куы сарызтон картӕ Ирыстоны зынгонд поэттимӕ, уӕд раст нӕ уыдтӕн кӕй мӕ ферох ис Хостыхъоты Зинӕ. Уый тыххӕй мын бауайдзӕф кодта Бекойты Агуындӕ, фӕлӕ йын уӕд ницыуал арӕзӕн уыд, картӕ ивын хъуыд ӕмӕ йӕ афтӕмӕй ныууагътон.
Иу ӕртӕ мӕйы бӕрц агурын, зӕрдӕ чи балхӕна ахӕм ӕмдзӕвгӕтӕ. Фӕлӕ мӕм зын кӕсы ирон поэтты тематикӕ хӕстыл, солдаттыл ӕмӕ советон тематикӕйл баст кӕй у. Къолхоз ӕмӕ хӕхты тематикӕйӕ бафӕллад адӕймаг. Раст ӕй зӕгъын хъӕуы денджызы уылӕнты тыххӕй ирон адӕймаг италиагӕй хуыздӕр нӕ азардзӕн фӕлӕ уӕддӕр. Ӕмӕ ссардон абон Зинӕйы чиныг. Сылгоймаг уӕддӕр ӕндӕр у. Йӕ ныхас дӕр фӕлмӕндӕр, йӕ проблемӕйы уынынад дӕр. Кӕд йе 'мдуггӕгты тематикӕйӕ дард нӕ ацыд, уӕддӕр йын ис йӕхи стилистикӕ, кӕцы йӕ нӕ бауадзӕн никӕимӕ схӕццӕ кӕнын.

Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы мӕхицӕн дзы ссардтон ӕмдзӕвгӕтӕ. Сымах дӕр ӕй бакӕсут.