СапÆ
1.27K subscribers
1.66K photos
419 videos
1.76K links
• Ирыстоны хабӕрттӕ
• Рухстауӕн ӕрмӕджытӕ
• Ирхӕфсӕн рубрикӕтӕ
加入频道
Фæстæрдæм тæхын йæ бон цавæр маргъæн у?
Anonymous Poll
14%
Альбатросæн
15%
Цъиусурæн
61%
Колибрийæн
10%
Уарийæн
Мӕздӕджы районы цӕрӕгыл байгом кодтой уголовон хъуыддаг, Сырх чиныгмӕ хаст кӕсаг электрон ӕнгуырӕй кӕй ахста, уый тыххӕй

🔻Хъызлары 39-аздыд цӕрӕджы фӕндыд кӕсаджы фыдӕй йӕхи фенын ӕмӕ январы тар ӕхсӕвтӕй иуы араст Терчы былмӕ. Цӕмӕй йӕхицӕн зын ма скӕна, уый тыххӕй ма йемӕ электрон ӕнгуыр рахаста. Фӕлӕ йӕ фӕндтӕй ницы рауад, пъӕлицӕ ӕмӕ йын Росрыболовствойы специалисттӕ йӕ фӕндаг аивтой.

«Сапӕ» куыд базыдта, афтӕмӕй экспертизӕйы хатдзӕгтӕм гӕсгӕ, нӕлгоймаг ахста каспиаг кумжу (каспиаг ӕргъай кӕсаг). Хаст у Уӕрӕсейы Сырх чиныгмӕ.

➡️ Нӕлгоймагыл байгом кодтой уголовон хъуыддаг.

⚫️ Дæхи «СапÆ»-йыл бафысс
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
Абоны цаутыл афӕлгӕсгӕйӕ, уӕ цӕст цавӕр ныхӕстыл ӕрхӕцыд?

➡️ Ацы изӕр уӕ зонгӕ кӕнӕм ног дзырдимӕ — сондонгуыр.

⚫️ Дæхи «СапÆ»-йыл бафысс
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
Алы райсом пайдаимӕ!

📆 Кӕд цард чиныг у, уӕд йӕ бонтӕ — сыфтӕ. Чиныджы сыфтыл та ӕмбисӕндтӕ дӕр вӕййы.

#ӕлвӕст_хъуыдытӕ
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
Ацы аз Цӕгат Ирыстоны хъӕдты зынгсирвӕзтытӕ нӕ уыд

🔻Ацы аз Цӕгат Кавказы ӕмӕ Хуссар федералон зылды 5 регионы хъӕдты абоны онг зынгсирвӕзтытӕ нӕ уыдис. Сты Кӕсӕг-Балхъар, Цӕцӕны ӕмӕ Цӕгат Ирыстоны республикæтæ, Астраханы облӕст ӕмӕ Севастополь.

Фарон Цӕгат Кавказы ӕмӕ Хуссар федералон зылдты ӕрцыд 155 зынгсирвӕзты. Ӕппӕтӕй тӕссагдӕр уавӕр уыд Ростовы ӕмӕ Волгограды облӕстты, стӕй Хъырымы. 

➡️ Рослесхозы разамонӕджы хӕдивӕг Михаил Козлов Архызы хатдзӕгтӕгӕнӕн ӕмбырды куыд фехъусын кодта, афтӕмӕй Цӕгат Кавказы ӕмӕ Хуссар федералон зылдты хъӕды хӕдзарады куыст фӕхуыздӕр кӕнынӕн цы 'хца радих кӕнынц, уыдон 2025 азы фӕфылдӕр кӕндзысты 396,4 милуан сомы.

⚫️ Дæхи «СапÆ»-йыл бафысс
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
Петербурджы ӕрцахстой, фӕндагон загъды кард чи систа, уыцы цӕгатирыстойнаг 20-аздзыд лӕппуйы 

🔻Санкт-Петербурджы Литийаг проспекты дыууӕ шофыры 'хсӕн фӕндагыл рауад хъаугъа. Йӕ масты фӕдыл цӕугӕйӕ сӕ иу иннӕмӕ кард систа. Дыккаг шофыр хъаст балӕвӕрдта пъӕлицӕмӕ.

Хылмондаг шофыры оперативон кусджытӕ уайтагъд ӕрцахстой. «Сапӕ» куыд базыдта, афтӕмӕй разынд цӕгатирыстойнаг лӕппу, Троицкæйы 20-аздзыд цӕрӕг. Ныртӕккӕ та цӕры Петербурджы Садовыйы уынджы.

⚫️ Дæхи «СапÆ»-йыл бафысс
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
Мамысоны курорт сӕмбӕлд фыццаг уазджытыл

🔻Абон ӕм ссыдысты сӕдӕгай адӕм. Къахдзоныгътыл бырæн хӕххон трассӕтӕ, æрдзы диссаджы нывтӕ ӕмӕ ӕмбал кӕмӕн нӕй, ахӕм уӕлдӕф. 

Курорты сарӕзтой сценӕ ӕмӕ дзы уыдзӕн фӕлладуадзӕн бынат байгом кӕныны фӕдыл бӕрӕгбоны концерт. Сценӕйы алыварс ис фудкорттӕ, къахдзоныгътӕ ӕмӕ ӕндӕр хъӕугӕ дзаумӕттӕ райсӕн кӕм ис, ахӕм пункттӕ. Фыццаг трассӕмӕ фӕлладуадзджытӕ абалц кӕнынц ӕфсӕн бӕндӕнвӕндагыл ӕхгӕд кабинкӕты.

Фыццаг уазджытӕ «Сапӕ»-йӕн куыд радзырдтой, афтӕмӕй «Мамысон» байгом кӕнынмӕ тынг ӕнхъӕлмӕ кастысты.

💬 «Уый историон цау у. Трассӕтӕ уӕрӕх, ӕдас сты ӕмӕ дзы ӕнцон уыдзӕн куыд дӕсны бырджытӕн, афтӕ, чи ахуыр кӕны, уыдонӕн дӕр», — зӕгъынц уазджытӕ.

Курорты минӕвӕрттӕ куыд радзырдтой, афтӕмӕй ма сын бирӕ куыст ис. Цӕмӕй бӕрзонддӕр ӕмвӕзадмӕ рахизой ӕмӕ иннӕтӕй хуыздӕр уой, уый тыххӕй кусдзысты инфраструктурӕ, аивдзинад ӕмӕ ӕнцондзинадыл. Цӕмӕй дзы алчидӕр удӕнцой иса.

➡️ «Сапӕ» куыд фыста, афтӕмӕй «Мамысон» хъуамӕ байгом уыдаид 28 февралы. Фӕлӕ тынг уазӕлттӕ ӕмӕ дымгӕ кӕй кодта, уый аххосӕй йӕ аргъӕвтой.

📄 Фарон майы Сергей Меняйло фехъусын кодта, проекты аргъ кæй у 19 миллиард сомы. Иууылдӕр сты инвесторты ӕхца.

⚫️ Дæхи «СапÆ»-йыл бафысс
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
Роспотребнадзор сиды цӕрджытӕм, цӕмӕй сӕхи джыбытӕй хъахъхъӕной

🔻Ацы аз хъарм зымӕг кӕй уыд, рагуалдзӕг кӕй ракодта ӕмӕ тынг тӕвд бонтӕ кӕй хӕссы, уый расайдта, джыбытӕ арӕхдӕр ӕмбӕлын кӕй райдыдтой, уымӕ.

Фӕзынынц, уӕлдӕфы температурӕ 10 градусӕй фылдӕр куы вӕййы, уӕд. Сӕ хӕст расайы энцефалитмӕ.

⚫️ Дæхи «СапÆ»-йыл бафысс
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
Кæцы бæстæйы тырыса у æппæты рагондæр?
Anonymous Poll
25%
Данийы
16%
Норвегийы
27%
Мальтæйы
32%
Англисы
...Æмæ та ногæй базмæлыдис цард

🔻Таурæгъ куыд зæгъы, афтæмæй раджы кӕддӕр Æлбегаты мыггагыл рын сыстад. Цагъды кодтой, хъарæг æмæ дзыназынæн кæрон нал уыди. Фæстагмæ сæ уый дæр нал хъуысти, аскъуыд сæ таг. Аирвæзтис ма сæ æрмæст иу лæппу – Батай. Фæлæ мæрдты куы бавæрдтой, уæд уый дæр йæхиуыл зæппадзы дуар бафæлдæхта.

📄 Бирæ фæлæгъстæ кодтой Батайæн, рахиз, зæгъгæ, комы дзырддзæугæ лæгты йæм фервыстой – ницы, никæмæ байхъуыста лæппу. Зæппадзмæ куы бахызт, ууыл фондз боны рацыд, афтæ хъæуы устытæй чидæр сæхицæй иу лæгæн раргом кодта стыр сусæгдзинад: Батай дзырдта Барсæгаты Дадайы ус Цæрæхоныл. Зæххæй арвы хсæн уымæй фылдæр никæй уарзта. Уый йæм куы барвитиккой, уæд, чи зоны, йæ зæрдæ нæ фæлæууид æмæ рахизид зæппадзæй. Фæлæ æнæрцæф мыггаг сты Барсæгатæ, куыд сæм æй бадзырдæуа? Уæддæр æндæр хос ницы зыдтой æмæ хъавгæ ракодтой хабар Барсæгатæн. Уæд мыггаджы хистæр Бæтæг хъæуы сылгоймæгты иронвæндаггæнгæ зæппадзмæ сæрвыста.

Сæ разæй цыдис Цæрæхон. Хæхтæ дæр згъæлæнтæ кодтой йæ кæуынмæ. Нал баурæдта Æлбеджы фырт, зæппадзы дуар уыцы иу тынд ракодта, рахызт æмæ Цæрæхоны цур зæххыл дæлгоммæ ныффæлдæхти богъ-богъгæнгæ. Æнæрцæугæ худинаг бавзæрстой Барсæгатæ æмæ сæ кæрдтæ туджы сæвдулынмæ сцæттæ кодтой. Уæд зæронд Батай загъта:
– Мæлæт худинагæй ирвæзынгæнæг нæу. Мах бакæндзыстæм, Иратаманы цы нæма ’рцыд, уый, нæ кады ном куыд баззайа æнусмæ. Цæут, сцæттæ кæнут Цæрæхоны чындздзон цæттæ, цæмæйдæриддæр æмбæлы, уымæй йæ сфæлындзут. Æгуыдзæг мыггаг æй не ’рвиты чындзы, Барсæджы мыггаг у! 

Стыр цытимæ схастой Цæрæхоны Æлбегаты хæдзармæ. Батай æмæ Цæрæхонæн зæнæг рацыди. Æлбег та фæмыггаг ис.

⚫️ Дæхи «СапÆ»-йыл бафысс
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
Абоны цаутыл афӕлгӕсгӕйӕ, уӕ цӕст цавӕр ныхӕстыл ӕрхӕцыд?

➡️ Ацы изӕр уӕ зонгӕ кӕнӕм ног дзырдимӕ — лӕгъстӕ.


⚫️ Дæхи «СапÆ»-йыл бафысс
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
Алы райсом пайдаимӕ!

📆 Кӕд цард чиныг у, уӕд йӕ бонтӕ — сыфтӕ. Чиныджы сыфтыл та ӕмбисӕндтӕ дӕр вӕййы.

#ӕлвӕст_хъуыдытӕ
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
🎵 Козырты Дианӕ — «Фаззон»

#Сапӕ_playlist
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
This media is not supported in your browser
VIEW IN TELEGRAM
Уыци-уыци: адæм ыл къахæй лæгæрдынц, уый та сæ хъæлдзæг кæны
Anonymous Quiz
7%
Цæсгом
27%
Сыфтæр
56%
Сæнæфсир
10%
Быдзæу
Алы райсом пайдаимӕ!

📆 Кӕд цард чиныг у, уӕд йӕ бонтӕ — сыфтӕ. Чиныджы сыфтыл та ӕмбисӕндтӕ дӕр вӕййы.

#ӕлвӕст_хъуыдытӕ
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
This media is not supported in your browser
VIEW IN TELEGRAM