СапÆ
1.27K subscribers
1.66K photos
419 videos
1.76K links
• Ирыстоны хабӕрттӕ
• Рухстауӕн ӕрмӕджытӕ
• Ирхӕфсӕн рубрикӕтӕ
加入频道
Æхсæз адæймаджы азымджын кæнынц, Дзæуджыхъæуы рекреацион зонæйы 480 милуан сомы аргъ зæххытæ сæхирдыгæй кæй фæкодтой, уымæй

🔻Федералон æмæ муниципалон зæххытæ адавтой тæрхондоны уынаффæтæ аивгæйæ. Мæнг документты руаджы зæххытæ сæхиуыл ныффыстой. Афтæмæй зиан æрхастой 477 милуан сомы, фехъусын кодтой Æдасдзинады федералон службæйы цæгатирыстойнаг управленийы. «Сапæ»-йы бæрæггæнæнтæм гæсгæ, цæстфæлдахæн миты азымджын кæнынц республикæйы дыууæ цæрæджы æмæ Ростовы облæсты цыппар цæрæджы.

Уыдон, барадхъахъхъæнджыты хъуыдымæ гæсгæ, сарæзтой æндæр мæнг гæххæттытæ дæр æмæ Сбербанчы кредитон фæрæзтæй адавтой 10 милуанмæ 'ввахс.

➡️ Хъуыддагмæ æркæсдзæн прокуратурæ, уый фæстæ йæ арвитдзысты тæрхондонмæ.

⚫️ Дæхи «СапÆ»-йыл бафысс
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
Гуырдзыстоны раздæры президент Михаил Саакашвилийæн рахастой фараст азы ахæстоны фæбадыны тæрхон

🔻Тбилисы горæты тæрхондоны уынаффæмæ гæсгæ паддзахады æхца хардз кæныны тыххæй Михаил Саакашвили хъуамæ 9 азы уа ахст. Уый тыххæй фехъусын кодта телеканал «Мтавари архи».

Ацы хъуыддаджы Гуырдзыстоны раздæры президенты азымджын кæнын райдыдтой 2014 азы. Слестгæнджытæ куыд зæгъынц, афтæмæй бюджеты фæрæзтæй йæхицæн æлхæдта пиджактæ, сахæттæ, бафыста йæ фырты ахуырæн, схардз кодта æхца косметикон процедурæтæн, афтæ ма хаццоны иста зынаргъ машинæтæ æмæ хæдтæхæг. Зиан æрхаста 3,2 милуан долларæй фылдæр.

Йемæ æмдзæхдон уыд паддзахадон хъахъхъæнынады сæрмагонд службæйы раздæры разамонæг Теймураз Джанашия дæр. Тæрхондон ын снысан кодта 300 мин лирæйы (100 мин доллары бæрц) ивар.

📄 Михаил Саакашвилийы æрцахстой 2021 азы октябры, Украинæйæ куы сыздæхт, уый фæстæ. Байгом ыл кодтой фондз уголовон хъуыддаджы. Уыдонæй йын дыууæйы фæдыл фæсаууонмæ стæрхон кодтой 6 азы ахæстоны фæбадын.

⚫️ Дæхи «СапÆ»-йыл бафысс
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
Цӕгат Ирыстоны цӕрджытӕ транспортон хъалон хӕс дарынц 780 милуан сомы

🔻Республикӕйы 95 мин цӕрӕджы транспортон хъалонӕн хӕс дарынц. Уый тыххӕй фехъусын кодта Сергей Меняйло. Куыд бафиппайдта, афтӕмӕй уый аххосӕй республикӕйы хидтӕ ӕмӕ фӕндӕгты арӕзтадӕн, стӕй лӕууӕн бынӕттӕм базилынӕн фаг фӕрӕзтӕ нӕ разынд.

💬 «Транспортон хъалон у нӕ республикӕйы фӕндагон инфраструктурӕйы рӕзт. Не 'ппӕтӕй дӕр аразгӕ у. Хорз фӕндӕгтӕ алкӕйдӕр хъӕуынц: шофырты, фистӕгæй цӕуджыты, ӕхсӕнадон транспорты бӕлццӕтты», — загъта Меняйло.

Йӕ ныхасмӕ ма бафтыдта, фӕндагон инфраструктурӕ ӕмӕ хъалонты 'хсӕн хуымӕтӕг бастдзинад кӕй ис, уый. Бюджетмӕ цас фылдӕр хъалонтӕ цӕуы, уыйбӕрц фӕндӕгтӕ ӕмӕ сӕ алыварс фӕзуат кӕны хуыздӕр, фӕндагон змӕлд та — ӕдасдӕр. 

➡️ Сӕрмагонд ӕмбырды регионы разамонӕг автоинспекцийӕ, хъалонисӕн ӕмӕ пъырыстыфты службӕтӕй бадомдта хӕстӕгдӕр рӕстӕг хъуыддагыл бакусын, хӕсджынтимӕ карздӕр уӕвын.

⚫️ Дæхи «СапÆ»-йыл бафысс
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
Телерадиокомпани «Ир» ӕмӕ уӕрӕсейаг радиостанцӕ «Орфей» хъусын кӕндзысты кӕрӕдзийы музыкӕ

🔻Хуссар Ирыстоны телерадиокомпани «Ир» бафыста бадзырд радиостанцӕ «Орфей»-имӕ. Ахӕм хъӕппӕрис бахаста уӕрӕсейаг радиостанцӕ. Бадзырд ӕххӕстгонд цӕудзӕн афӕдз.

Йӕ фӕлгӕты «Орфей» лӕвар дӕтты уацмыстӕ: фольклорон музыкæ, советон композиторты зарджытӕ, сывӕллӕттӕн радиобакастытӕ. Хуссар Ирыстоны радио та ратдзӕн ирон адӕмон зарджытӕ.

💬 «Ныртӕккӕ ӕмгуыст кӕнӕм Бразили, Индонези, африкӕйаг бӕстӕты ӕмӕ Киргизийы радиостанцӕтимӕ. Ныр та кусдзыстӕм Хуссар Ирыстонимӕ. Уый нын ӕхсызгон у», — радзырдта «Сапӕ»-йӕн радиостанцӕ «Орфей»-ы генералон директоры хӕдивӕг Юлия Полякова.

➡️ Хӕстӕгдӕр рӕстӕг радио «Ир»-ы къуыри иу хатт цӕуын райдайдзӕн уӕрӕсейаг муызыкӕйы тыххӕй программӕ. Цӕудзӕн сахат. Ныридӕгӕн хуссарирыстойнаг телерадиокомпанийы архив фӕхъӕздыгдӕр бирӕ уацмыстӕй, се 'хсӕн 1940-1950 азты кинонывты музыкӕ, фортепианойӕн джазы сюитӕтӕ. Нырыккон уӕрӕсейаг зарджытӕ сæм нӕма ӕрбарвыстой.

⚫️ Дæхи «СапÆ»-йыл бафысс
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
This media is not supported in your browser
VIEW IN TELEGRAM
Ӕнӕивгӕ хъуыддӕгтӕ дӕр разыны: бӕлӕстӕ ӕхсӕдыны сезон райдыдта загъдӕй

🔻Дзусы-фырты уынджы 30 хӕдзары цӕрджытӕ хъаст кӕнынц, сӕ кӕрты сын дзӕбӕх ӕмӕ фидар бӕлӕстӕ кӕй калынц, уымæй. Сӕ иуӕн сын фарон йӕ хус къалиутӕ алыг кодтой, афӕдзмӕ йыл чи фӕзынд, уыцы къалиутӕ та кӕй базӕронд ӕмӕ бахус сты, уый сӕм диссаг кӕсы. Цы ӕнгуз бӕлас акалдтой, уый ӕрыгон бӕлас уыд, зӕгъынц цӕрджытӕ.

💬 «Афтӕ нын загътой, ома, цӕрджытӕй кӕйдӕр хъыгдардта. Чи зоны, кӕмӕдӕр ахӕм курдиат уыдис. Фӕлӕ бӕлас акалыныл хъуамӕ цӕрджытӕ иууылдӕр сразы уой. Махӕй ахӕм бар ничи райста. Кӕрт цъӕх фӕлыстæй хъуаг у, ныр та ма нын нӕ бӕлӕстӕ дӕр калынц», — мӕсты кӕнынц уыдон.

Адӕммӕ фарстатӕ уыд бӕлас калынӕн бардӕттӕг гӕххӕтты тыххӕй дӕр. Уӕвгӕ ис, фӕлӕ йӕ 2024 азы рафыстой. Сӕ хъуыдымӕ гӕсгӕ, фароны гӕххӕттӕн йе 'мгъуыд фӕци. Администрацийы кусджытӕ та зӕгъынц, гӕххӕттӕн ӕмгъуыд нӕй, зӕгъгӕ.

➡️ Дзӕуджыхъӕуы администрацийы «Сапӕ»-йӕн куыд бамбарын кодтой, афтӕмӕй кӕрты куыстой «Владзеленстрой»-ы специалисттӕ. «Владлес-Экологи»-йы эксперттӕ та скодтой хатдзӕг: калд бӕлас уыд аварион ӕмӕ адӕмӕн тӕссаг. Уыцы бон ма специалисттӕ хъуамӕ бахсæстаиккой ноджы 17 бӕласы, фӕлӕ адӕм сӕ машинӕтӕ газоны цур кӕй ӕвӕрынц, уый бӕлӕсты «аирвӕзын» кодта.

⚫️ Дæхи «СапÆ»-йыл бафысс
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
Ирæттæй Советон Цæдисы хъайтары ном æппæты фыццаг чи райста?
Anonymous Quiz
8%
Коцты Константин
41%
Мымсыраты Хадзы-Умар
8%
Цоциты Василий
43%
Остъаты Алексей
Абоны цаутыл афӕлгӕсгӕйӕ, уӕ цӕст цавӕр ныхӕстыл ӕрхӕцыд?

➡️ Ацы изӕр уӕ зонгӕ кӕнӕм ног дзырдимӕ — пъырыстыф.

⚫️ Дæхи «СапÆ»-йыл бафысс
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
Алы райсом пайдаимӕ!

📆 Кӕд цард чиныг у, уӕд йӕ бонтӕ — сыфтӕ. Чиныджы сыфтыл та ӕмбисӕндтӕ дӕр вӕййы.

#ӕлвӕст_хъуыдытӕ
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
«Мамысон»-ы курорт байгом кӕныны бон автобусты лӕвар аласдзысты 500 адӕймаджы

🔻14 мартъийы автобустӕ 9 сахатыл лӕудзысты ирон театры цур, Къостайы проспекты 'рдыгӕй. Куыд дзаг кӕной, афтӕ цӕудзысты Мамысонмӕ.

💬 «Ацӕуӕн ис лӕвар. 500 адӕймагӕн самал кодтам транспорт. Кӕй фӕнды, уыдон кӕд фылдӕр уой, уӕд ракӕндзыстӕм уӕлӕмхасӕн автобустӕ», — радзырдтой «Сапӕ»-йӕн транспорты комитеты.

Курорт байгом кӕныны бӕрӕгбоны мадзӕлттæ куы фæуой, уæд адӕмы раласдзысты фӕстӕмӕ.

➡️ «Сапӕ» ма куыд фыста, афтӕмӕй Дзӕуджыхъӕуӕй Масысонмӕ фӕткмӕ гӕсгӕ цӕудзӕн автобус: алы бон дӕр Пушкинскийы автовокзалӕй 9 ӕмӕ 16 сахатыл.

⚫️ Дæхи «СапÆ»-йыл бафысс
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
Черменыхъӕуы электрон тыхӕй хъыгдардбаййафӕг лӕппуйӕн Сочийы кӕнынц реабилитацион мадзӕлттӕ

🔻11-аздзыд Букуылты Муратӕн фӕткмӕ гӕсгӕ реабилитаци кӕнынц бальнеологон курорт «Мацеста»-йы. Физиотерапевт ын снысан кодта бӕлвырд медицинон мадзӕлттӕ. Зӕгъӕм, сыгъд буары хӕйттӕн сондонгуыры хи найын, дзӕбӕхгӕнӕн ӕлыгӕй аппликацитӕ кӕнын ӕмӕ ӕндӕртӕ. Уый тыххӕй «Сапӕ»-йӕн фехъусын кодта лӕппуйы мад Букуылты Нонӕ. 

💬 «Мӕйы кӕромӕ ам уыдзыстӕм. Уый фӕстӕ хатдзӕгты тыххӕй фехъусын кӕндзынӕн, чи нӕ дзӕбӕх кӕны, уыцы дохтырӕн Дӕллаг Новгородӕй. Уӕд нын зӕгъдзӕн, Дӕллаг Новгороды клиникӕмӕ нӕ тӕхын хъӕуы ӕви нӕ, уый. Ахӕм операцитӕ кæмæн скӕнынц, уыдоны арӕх ногӕй ссӕуын кӕнынц афӕдзы фӕстӕ. Фӕлӕ Мураты сыгъдтытӕ тынг арф сты, ностӕй баззадысты. Ӕмӕ нын цы дзуапп ратдзӕн, уымӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсдзыстӕм», — зӕгъы Нонӕ.

➡️ «Сапӕ» куыд фыста, афтӕмӕй Мураты электрон тых бахъыгдардта 2024 азы 22 сентябры Черменыхъӕуы скъолайы кӕрты. Цалдӕр боны фӕстӕ лӕппуйы арвыстой Дӕллаг Новгороды клиникӕмӕ. Уым ын иртасӕн центры специалисттӕ сыгъд буары хӕйттæ баивынӕн скодтой цыппар операцийы.

⚫️ Дæхи «СапÆ»-йыл бафысс
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
Кокайты Артуры фӕнд кӕнынц Цӕгат Ирыстоны адӕймаджы бартӕ хъахъхъӕнӕг ӕххӕстбарджын минӕварӕй снысан кӕнын

🔻Регионы разамонӕг Сергей Меняйло парламентмӕ бахаста Кокайты Артуры Цӕгат Ирыстоны адӕймаджы бартӕ хъахъхъӕнӕг ӕххӕстбарджын минӕварӕй снысан кӕныны хъӕппӕрис. Ныртӕккӕ у сывӕллӕтты омбудсмен.

➡️ 2020 азӕй фӕстӕмӕ республикӕйы адӕймаджы бартӕ хъахъхъӕнӕг ӕххӕстбарджын минӕвар у Цгъойты Тамерлан. 2025 азы йӕ куысты ӕмгъуыд фӕвӕййы.

⚫️ Дæхи «СапÆ»-йыл бафысс
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
Ӕгкацаты Станиславмӕ фӕдзырдтой Уӕрӕсейы иугонд командӕмӕ футболӕй

🔻Ацы мæй футболон ӕмбырдтӕм фӕдзырдтой 31 спортсменмӕ. 19 мартъийы иугонд командӕ ахъаздзӕн Гренадӕйы, 25 мартъийы та — Замбийы командӕтимӕ. Дыууӕ матчы дӕр уыдзысты Мӕскуыйы стадион «Динамо»-йы.

Ноябры дӕр Сталислав уыд хуынд иугонд командӕмӕ. Уӕд хъазыдысты Брунейы командӕимӕ ӕмӕ йӕ хызы иунӕг порти дӕр нӕ батахт.

⚫️ Дæхи «СапÆ»-йыл бафысс
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
Фæстæрдæм тæхын йæ бон цавæр маргъæн у?
Anonymous Poll
14%
Альбатросæн
15%
Цъиусурæн
61%
Колибрийæн
10%
Уарийæн
Мӕздӕджы районы цӕрӕгыл байгом кодтой уголовон хъуыддаг, Сырх чиныгмӕ хаст кӕсаг электрон ӕнгуырӕй кӕй ахста, уый тыххӕй

🔻Хъызлары 39-аздыд цӕрӕджы фӕндыд кӕсаджы фыдӕй йӕхи фенын ӕмӕ январы тар ӕхсӕвтӕй иуы араст Терчы былмӕ. Цӕмӕй йӕхицӕн зын ма скӕна, уый тыххӕй ма йемӕ электрон ӕнгуыр рахаста. Фӕлӕ йӕ фӕндтӕй ницы рауад, пъӕлицӕ ӕмӕ йын Росрыболовствойы специалисттӕ йӕ фӕндаг аивтой.

«Сапӕ» куыд базыдта, афтӕмӕй экспертизӕйы хатдзӕгтӕм гӕсгӕ, нӕлгоймаг ахста каспиаг кумжу (каспиаг ӕргъай кӕсаг). Хаст у Уӕрӕсейы Сырх чиныгмӕ.

➡️ Нӕлгоймагыл байгом кодтой уголовон хъуыддаг.

⚫️ Дæхи «СапÆ»-йыл бафысс
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
Абоны цаутыл афӕлгӕсгӕйӕ, уӕ цӕст цавӕр ныхӕстыл ӕрхӕцыд?

➡️ Ацы изӕр уӕ зонгӕ кӕнӕм ног дзырдимӕ — сондонгуыр.

⚫️ Дæхи «СапÆ»-йыл бафысс
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
Алы райсом пайдаимӕ!

📆 Кӕд цард чиныг у, уӕд йӕ бонтӕ — сыфтӕ. Чиныджы сыфтыл та ӕмбисӕндтӕ дӕр вӕййы.

#ӕлвӕст_хъуыдытӕ
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
Ацы аз Цӕгат Ирыстоны хъӕдты зынгсирвӕзтытӕ нӕ уыд

🔻Ацы аз Цӕгат Кавказы ӕмӕ Хуссар федералон зылды 5 регионы хъӕдты абоны онг зынгсирвӕзтытӕ нӕ уыдис. Сты Кӕсӕг-Балхъар, Цӕцӕны ӕмӕ Цӕгат Ирыстоны республикæтæ, Астраханы облӕст ӕмӕ Севастополь.

Фарон Цӕгат Кавказы ӕмӕ Хуссар федералон зылдты ӕрцыд 155 зынгсирвӕзты. Ӕппӕтӕй тӕссагдӕр уавӕр уыд Ростовы ӕмӕ Волгограды облӕстты, стӕй Хъырымы. 

➡️ Рослесхозы разамонӕджы хӕдивӕг Михаил Козлов Архызы хатдзӕгтӕгӕнӕн ӕмбырды куыд фехъусын кодта, афтӕмӕй Цӕгат Кавказы ӕмӕ Хуссар федералон зылдты хъӕды хӕдзарады куыст фӕхуыздӕр кӕнынӕн цы 'хца радих кӕнынц, уыдон 2025 азы фӕфылдӕр кӕндзысты 396,4 милуан сомы.

⚫️ Дæхи «СапÆ»-йыл бафысс
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
Петербурджы ӕрцахстой, фӕндагон загъды кард чи систа, уыцы цӕгатирыстойнаг 20-аздзыд лӕппуйы 

🔻Санкт-Петербурджы Литийаг проспекты дыууӕ шофыры 'хсӕн фӕндагыл рауад хъаугъа. Йӕ масты фӕдыл цӕугӕйӕ сӕ иу иннӕмӕ кард систа. Дыккаг шофыр хъаст балӕвӕрдта пъӕлицӕмӕ.

Хылмондаг шофыры оперативон кусджытӕ уайтагъд ӕрцахстой. «Сапӕ» куыд базыдта, афтӕмӕй разынд цӕгатирыстойнаг лӕппу, Троицкæйы 20-аздзыд цӕрӕг. Ныртӕккӕ та цӕры Петербурджы Садовыйы уынджы.

⚫️ Дæхи «СапÆ»-йыл бафысс
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
Мамысоны курорт сӕмбӕлд фыццаг уазджытыл

🔻Абон ӕм ссыдысты сӕдӕгай адӕм. Къахдзоныгътыл бырæн хӕххон трассӕтӕ, æрдзы диссаджы нывтӕ ӕмӕ ӕмбал кӕмӕн нӕй, ахӕм уӕлдӕф. 

Курорты сарӕзтой сценӕ ӕмӕ дзы уыдзӕн фӕлладуадзӕн бынат байгом кӕныны фӕдыл бӕрӕгбоны концерт. Сценӕйы алыварс ис фудкорттӕ, къахдзоныгътӕ ӕмӕ ӕндӕр хъӕугӕ дзаумӕттӕ райсӕн кӕм ис, ахӕм пункттӕ. Фыццаг трассӕмӕ фӕлладуадзджытӕ абалц кӕнынц ӕфсӕн бӕндӕнвӕндагыл ӕхгӕд кабинкӕты.

Фыццаг уазджытӕ «Сапӕ»-йӕн куыд радзырдтой, афтӕмӕй «Мамысон» байгом кӕнынмӕ тынг ӕнхъӕлмӕ кастысты.

💬 «Уый историон цау у. Трассӕтӕ уӕрӕх, ӕдас сты ӕмӕ дзы ӕнцон уыдзӕн куыд дӕсны бырджытӕн, афтӕ, чи ахуыр кӕны, уыдонӕн дӕр», — зӕгъынц уазджытӕ.

Курорты минӕвӕрттӕ куыд радзырдтой, афтӕмӕй ма сын бирӕ куыст ис. Цӕмӕй бӕрзонддӕр ӕмвӕзадмӕ рахизой ӕмӕ иннӕтӕй хуыздӕр уой, уый тыххӕй кусдзысты инфраструктурӕ, аивдзинад ӕмӕ ӕнцондзинадыл. Цӕмӕй дзы алчидӕр удӕнцой иса.

➡️ «Сапӕ» куыд фыста, афтӕмӕй «Мамысон» хъуамӕ байгом уыдаид 28 февралы. Фӕлӕ тынг уазӕлттӕ ӕмӕ дымгӕ кӕй кодта, уый аххосӕй йӕ аргъӕвтой.

📄 Фарон майы Сергей Меняйло фехъусын кодта, проекты аргъ кæй у 19 миллиард сомы. Иууылдӕр сты инвесторты ӕхца.

⚫️ Дæхи «СапÆ»-йыл бафысс
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM