Кӕмӕн ӕй саккаг кодтой, уыдонӕн сӕ фыццаг уыд Валентина Терешкова. Уыцы бонты уыд Цӕгат Ирыстоны, архайдта Ирыстоны сылгоймӕгты съезды.
58 азмӕ «Орджоникидзейы (Дзӕуджыхъӕуы) кадджын цӕрӕджы» ном радтой 43 адӕймагӕн. Се 'хсӕн — политикон архайджытӕ, наукон кусджытӕ, культурӕ ӕмӕ спорты минӕвӕрттӕ. Бирӕтӕ дзы Ирыстонӕй дард цӕрынц. Сӕ номхыгъд дзӕвгар у ӕмӕ се 'ппӕт иу ӕрмӕджы нӕ бацӕудзысты. Абон уӕ зонгӕ кӕнӕм, Ирыстонӕн стыр хӕрзты чи бацыд ӕмӕ йӕ кой дӕрдтыл кӕмӕн айхъуыст, уыдонӕй цалдӕримӕ.
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
Абоны цаутыл афӕлгӕсгӕйӕ, уӕ цӕст цавӕр ныхӕстыл ӕрхӕцыд?
➡️ Ацы изӕр уӕ зонгӕ кӕнӕм ног дзырдимӕ — разамонӕг.
⚫️ Дæхи «СапÆ»-йыл бафысс
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
Алы райсом пайдаимӕ!
📆 Кӕд цард чиныг у, уӕд йӕ бонтӕ — сыфтӕ. Чиныджы сыфтыл та ӕмбисӕндтӕ дӕр вӕййы.
#ӕлвӕст_хъуыдытӕ
#ӕлвӕст_хъуыдытӕ
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
Цы Цъолдаг пенсиисӕг фесӕфт, уый ссардтой Ленингоры рынчындоны дохтыртӕ
🔻 74-аздзыд Джиоты Валяйы агуырдтой ӕнӕнхъæлӕджы уавӕрты министрады кусджытæ æмæ хъæуы цӕрджытæ. Диспансеризацийы рӕстӕг æй ссардтой бынӕттон дохтыртӕ.
💬 «Фӕстӕмӕ куы цыдыстӕм, уӕд хъӕды цыдӕр сырх ауыдтам. Уый сылгоймаджы уӕлӕдарӕс уыд, хъӕдӕй рацыд иууылдӕр хуылыдзӕй. Баурӕдтам, бацыдыстӕм ӕм, немӕ йӕ раластам ӕмӕ йӕм фӕкастыстӕм. Йе 'нӕниздзинадӕн тӕссаг нӕ уыд, фӕлӕ тынг дойны кодта. Йемӕ уыд ӕнгузтимӕ гыццыл хызын. Куыд нын радзырдта, афтӕмӕй фӕдзӕгъӕл ӕмӕ ӕнӕхъӕн ӕхсӕв рацу-бацу кодта, фӕлӕ хъӕддаг сырдты ниуын куы фехъуыста, уӕд бӕласмӕ сбырыд», — радзырдта Ленингоры районы рынчындоны сӕйраг дохтыр Джиголаты Людмилӕ.
Куы сбон ис, уӕд бӕласӕй ӕрхызт. Тынг дойны кодта ӕмӕ кӕддӕр суадон ссардта. Сылгоймаг Громы арӕнхъахъхъӕнӕн управленимӕ хӕстӕг кӕй уыд, уымӕ гӕсгӕ йӕ арӕнхъахъхъӕнджыты бӕрны бакодтой.
💬 «Хъармгӕнӕнтӕ сӕм ис, мидӕмӕ нӕ бакодтой ӕмӕ ӕнхъӕлмӕ кастыстӕм, йӕ хиуӕттӕ йӕ кӕд акӕндзысты, уымӕ. Паспорт ӕм нӕ уыд. Уалынмӕ йӕ бинонтӕ ссыдысты. Йӕ гӕххӕттытӕ йын ӕрбахастой ӕмӕ йӕ хӕдзармӕ аластой. Куыд мӕм кӕсы афтӕмӕй йӕ зонд йӕхимӕ уыди, фӕлӕ цыдӕтрӕ рох кӕнын райдыдта. Цы цау ныл ӕрцыд уый ӕнӕниздзинадхъахъхъӕнынады министрӕн радзырдтам ӕмӕ нӕ раппӕлыд. Дыууӕ хъуыддаджы тыххӕй дӕр: диспансеризацийыл кæй кусӕм ӕмӕ адӕймагӕн кӕй баххуыс кодтам, уый тыххӕй», — радзырдта нын Джиголаты Людмилӕ.
⚫️ Дæхи «СапÆ»-йыл бафысс
Куы сбон ис, уӕд бӕласӕй ӕрхызт. Тынг дойны кодта ӕмӕ кӕддӕр суадон ссардта. Сылгоймаг Громы арӕнхъахъхъӕнӕн управленимӕ хӕстӕг кӕй уыд, уымӕ гӕсгӕ йӕ арӕнхъахъхъӕнджыты бӕрны бакодтой.
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
Черменыхъӕуы электрон тыхӕй хъыгдардбаййафӕг сывӕллоны цӕттӕ кӕнынц фыццаг операцимӕ сыгъд буары хӕйттӕ баивынӕн
🔻 Приволжьейы иртасӕн медицинон университеты специалисттӕ сывӕллонӕн йӕ сыгъд цъары хӕйттӕ айстой. Ныртӕккӕ дзӕбӕх кӕнынц уӕззау хъӕдгӕмттӕ. Уый тыххӕй «Сапӕ»-йӕн фехъусын кодта лӕппуйы мад Букуылты Нонӕ.
💬 «Йӕ галиу фарс тынг сыгъд у, йӕ цъар ын иууылдӕр ивын бахъӕудзӕн. Стыр куыст цӕудзӕн. Дохтырты ныхӕстӕм гӕсгӕ, лӕппу цас фидар разындзӕн, алцыдӕр уымӕй аразгӕ у. Зӕгъӕн ис, ногӕй ахуыр кӕндзыстӕм къахӕй цӕуын», — радзырдта нын лӕппуйы мад.
Ног къуыри лӕппуйӕн кӕндзысты фыццаг операци, йӕ буары цъар ын ивдзысты. Фӕлӕ буары кӕцы хайыл архайдзысты, уый нырма бӕрӕг нӕу. Ныййарджытӕн ӕй зӕгъдзысты къуырисӕры.
Нонӕ ма куыд радзырдта, афтӕмӕй сын медицинон ӕххуыс кӕнынц лӕвар. Цы 'хца ӕмбырд кӕнынц, уый та сӕ реабилитацийӕн бахъӕудзӕн.
💬 «Реабилитаци зын ӕмӕ дӕргъвӕтин кӕй уыдзӕн, уый нын дохтыртӕ уайтагъд загътой. Ӕвӕццӕгӕн нӕ Израильмӕ цӕуын бахъӕудзӕн, бӕлвырд клиникӕ нӕма равзӕрстон. Хуыцауы фӕндӕй уал мӕ лӕппу йӕхимӕ 'рцӕуӕд ӕмӕ йӕ къӕхтыл слӕууӕд, уый фӕстӕ дарддӕр кӕсдзыстӕм. Ныридӕгӕн та дохтыртӕ дзурынц, реабилитацийӕн стыр ӕхцатӕ кӕй бахъӕудзӕн, уый», — зӕгъы Нонӕ.
⚫️ Дæхи «СапÆ»-йыл бафысс
Ног къуыри лӕппуйӕн кӕндзысты фыццаг операци, йӕ буары цъар ын ивдзысты. Фӕлӕ буары кӕцы хайыл архайдзысты, уый нырма бӕрӕг нӕу. Ныййарджытӕн ӕй зӕгъдзысты къуырисӕры.
Нонӕ ма куыд радзырдта, афтӕмӕй сын медицинон ӕххуыс кӕнынц лӕвар. Цы 'хца ӕмбырд кӕнынц, уый та сӕ реабилитацийӕн бахъӕудзӕн.
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
Вакцинаци кӕнын кӕй фӕнды, уыдоны нымӕц Хуссар Ирыстоны кӕны къаддӕр
🔻 Ленингоры районы рынчындоны сӕйраг дохтыр «Сапӕ»-йӕн куыд радзырдта, афтӕмӕй прививкӕтӕ кӕныны кампани райдыдта диспансеризацийы рӕстӕг. Низæй йæхи бахъахъхъæнын кӕй фӕнды, уыдон бирӕ не сты. Диспансеризаци цӕудзӕн фондз боны.
💬 «Знон ӕркастыстӕм 150 адӕймагмӕ. Немӕ аластам 350 дозӕйы, фӕлӕ прививкӕтӕ скодтой ӕрмӕст 61, уыдонӕй 24 сты сывӕллӕттӕ», — зӕгъы рынчындоны сӕйраг дохтыр.
Хистӕрты нӕ фӕфӕнды, ома, привикӕты фӕстӕ сӕхи ӕвзӕр ӕнкъарынц.
➡️ Официалон бӕрӕггӕнӕнтӕм гӕсгӕ, Ленингоры районы цӕрынц 3.5 мин адӕймаджы. 400 дзы сты скъоладзаутӕ. Кӕстӕртӕ дӕр вакцинацийыл арӕх нӕ разы кӕнынц, азӕй-азмӕ сӕ нымӕц къаддӕр кӕны. Республикӕйы сӕйраг педиатр Хӕныкъаты Ларисӕйы ныхӕстӕм гӕсгӕ, фарон прививкӕтӕ скодтой ӕрмӕст скъоладзауты 30%.
⚫️ Дæхи «СапÆ»-йыл бафысс
Хистӕрты нӕ фӕфӕнды, ома, привикӕты фӕстӕ сӕхи ӕвзӕр ӕнкъарынц.
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
Абоны цаутыл афӕлгӕсгӕйӕ, уӕ цӕст цавӕр ныхӕстыл ӕрхӕцыд?
➡️ Ацы изӕр уӕ зонгӕ кӕнӕм ног дзырдимӕ — къухӕвӕрд.
⚫️ Дæхи «СапÆ»-йыл бафысс
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
Алы райсом пайдаимӕ!
📆 Кӕд цард чиныг у, уӕд йӕ бонтӕ — сыфтӕ. Чиныджы сыфтыл та ӕмбисӕндтӕ дӕр вӕййы.
#ӕлвӕст_хъуыдытӕ
#ӕлвӕст_хъуыдытӕ
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
Германӕй Америкæмӕ: Беслӕнӕн Нобелы номыл преми радтыны тыххӕй петици бафыстой 300 адӕймагӕй фылдӕр
🔻 Петици бафыссыны акцийы хъӕппӕрис расидт Æхсӕнадон хӕрзаудӕн ассоциаци «Помогите нам спасти детей». Райдыдта 3 боны размӕ Италийы. Ныридӕгæн йӕ фарс рахӕцыдысты ӕмӕ сӕ къухтӕ æрæвӕрдтой 300 адӕймаджы. Уый тыххӕй «Сапӕ»-йӕн радзырдта ассоциацийы сӕрдар Эннио Бордато.
💬 «Алы бӕстӕты цӕрджытӕ сты. Сӕ фылдӕр Итали, Франц, Герман ӕмӕ Америкæйы цӕрджытӕ. Цалдӕр бонмӕ уыйбӕрц къухӕвӕрдтӕ кæй æрӕмбырд кодтам, уый хорз у. Фӕлӕ нӕ фӕнды, цас гӕнӕн ис, уыйбӕрц фылдæр куыд уой. Нӕ зӕрды ис цалдӕр мины æрӕмбырд кӕнын», — зӕгъы Эннио Бордато.
➡️ Къухӕвӕрдтӕ ӕмбырд кӕндзысты цалдӕр мӕйы. Ныртӕккӕ уал петици фыст у италиаг ӕвзагыл. Хӕстӕгдӕр рӕстӕг ӕй ратӕлмац кӕндзысты англисаг, немыцаг, францаг, испайнаг ӕмӕ шведаг ӕвзӕгтӕм.
⚫️ Дæхи «СапÆ»-йыл бафысс
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
Уыци-уыци: тымбыл мӕсыг урс чъырӕй цагъд. Цы у?
Anonymous Quiz
2%
Порти
72%
Айк
15%
Гуыдын
12%
Къуыбылой
Алы райсом пайдаимӕ!
📆 Кӕд цард чиныг у, уӕд йӕ бонтӕ — сыфтӕ. Чиныджы сыфтыл та ӕмбисӕндтӕ дӕр вӕййы.
#ӕлвӕст_хъуыдытӕ
#ӕлвӕст_хъуыдытӕ
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM