Хуссар Ирыстонӕй Гуырдзыстонмӕ ӕнӕзакъонӕй раласынмӕ хъавыдысты тамакойы 6 мин къоппы
🔻 «Сапӕ»-йӕн куыд фехъусын кодтой, афтӕмӕй ивгъуыд къуыри закъонхалджытӕ сарӕх сты Арцеумӕ хӕстӕг. Цалдӕр бонмӕ дзы рабӕрӕг кодтой авды. Разындис сӕм тамакойы 6,3 мин къоппы. Сӕ иумӕйаг аргъ у 380 мин сомы.
Афтӕ, 17-ӕм сентябры Ч. Аслан ӕмӕ А. Сослан тамакотӕ бамбӕхстой машинӕ «Нивӕ»-йы капоты бын, афтӕмӕй сӕ фӕнд кодтой сыхаг паддзахадмӕ аласын. Сӕ зӕрды сӕ уыд ӕхсӕнылӕгтӕ К. Мераб, К. Ацӕмӕз ӕмӕ Гуырдзыстоны цӕрӕг П. Придонӕн радтын. Тыхы структурӕтӕ се 'ппӕты дӕр ӕрцахстой.
Ӕртӕ боны фӕстӕ закъонхалджытыл бафтыд дыууӕ рецидивисты — хуссарирыстойнаг К. Тенгиз ӕмӕ гуырдзыстойнаг К. Якоб. Уый размӕ сӕ дыууӕ дӕр цалдӕр хатты баййӕфтой уголовон ӕмӕ административон ӕфхӕрд.
💬 «Тамакотӕ ӕнӕзакъонӕй Гуырдзыстонимӕ арӕны сӕрты ласыны хъуыддагыл бакуыста Гуырдзыйы раздӕры ӕфсӕддон, тӕрхонгонд В. Мамука. Хуссар Ирыстоны уылты ӕнӕзакъон базайраг ласынмӕ кӕй хъавыдысты ӕмӕ арӕны сӕрты ӕнӕзакъонӕй кӕй ахызтысты, уый тыххӕй къорды уӕнгтæн се 'ппӕтыл дӕр байгом кодтой административон хъуыддӕгтӕ. Ныртӕккӕ бӕрӕггонд цӕуы, уголовон ӕфхӕрд баййафдзысты ӕви нӕ, уый», — радзырдтой «Сапӕ»-йӕн.
➡️ Сӕрмагонд структурӕтӕ куыд фӕбӕрӕг кодтой, афтӕмӕй, гӕнӕн ис, ӕмӕ Арцеуы районы хуымӕтӕджы нӕ архайдтой. 21-ӕм апрелы Цӕгат Ирыстоны уадзӕн пункт «Дӕллаг Зӕрӕмӕджы» Хуссар Ирыстоны мидхъуыддӕгты министрады Арцеуы районы хайады хистæр хъавыд Уӕрӕсеимæ арӕны сӕрты 105 мин сомы аргъ тамакотӕ раласын. Уыцы цауыл ныртӕккӕ цӕуы слест.
⚫️ Дæхи «СапÆ»-йыл бафысс
Афтӕ, 17-ӕм сентябры Ч. Аслан ӕмӕ А. Сослан тамакотӕ бамбӕхстой машинӕ «Нивӕ»-йы капоты бын, афтӕмӕй сӕ фӕнд кодтой сыхаг паддзахадмӕ аласын. Сӕ зӕрды сӕ уыд ӕхсӕнылӕгтӕ К. Мераб, К. Ацӕмӕз ӕмӕ Гуырдзыстоны цӕрӕг П. Придонӕн радтын. Тыхы структурӕтӕ се 'ппӕты дӕр ӕрцахстой.
Ӕртӕ боны фӕстӕ закъонхалджытыл бафтыд дыууӕ рецидивисты — хуссарирыстойнаг К. Тенгиз ӕмӕ гуырдзыстойнаг К. Якоб. Уый размӕ сӕ дыууӕ дӕр цалдӕр хатты баййӕфтой уголовон ӕмӕ административон ӕфхӕрд.
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
Зындгонд ирон революционертæй иу, Байаты Чермен, ахӕстоны бадгӕйӕ арӕх зарыд иу ирон зарӕг. Камерӕйы йемӕ чи бадтис, уыдонмӕ цымыдисаг фӕкаст ӕмӕ цӕуыл у, уымӕй йӕ фӕрсын райдыдтой. Куы сын ӕй радзырдта, уӕд ӕй сфæнд кодтой уырыссаг ӕвзагмӕ ратӕлмац кӕнын. Сӕ хъуыды сӕххӕст кодтой ӕмӕ йӕ адӕмы 'хсæн апарахат кодтой. Афтӕ «Додой» сси адӕмон зарӕг.
Байаты Чермен (Байаты Гаппойы кӕстӕр ӕфсымӕр) Къостаимӕ иу хъуыдытыл хӕст уыдис. Бонджын хӕдзары фырт сси революционер. 1905 азӕй фӕстӕмӕ тох кодта адӕмы цард фӕхуыздӕр кӕныныл ӕмӕ сӕ бартыл. Уый тыххӕй иу ӕмӕ дыууӕ хатты ахст нӕ уыд.
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
Media is too big
VIEW IN TELEGRAM
Футболон клуб «Алани»-йы раздӕры администратор сæмбырд кодта, ӕмбал кӕмӕн нӕй, ахӕм коллекци, йӕ бӕллиц та у музей байгом кӕнын
🔻 20 азмӕ Дзасохты Барис стыр коллекци сӕмбырд кодта. Стӕм кӕмӕ ис, ахӕм къамтӕ, портитӕ, Ирыстоны зындгонд футболистты къухӕвӕрдтимӕ уӕлӕдарӕс. Экспонаттӕй бирӕтӕ Барис йеддӕмӕ никӕмӕ сты.
Папелишвили Нодары, Владимир Олейникы, Зозыраты Игоры футболкӕтӕ, «Назарет»-ы къорды уӕнгтӕн сӕ уӕлӕ «Алани»-йы футболкӕтӕ, ахӕм къам, зӕрдылдарӕн вымпелтӕ ӕмӕ ма бирӕ ӕндӕр дзаумӕттӕ.
Уӕлдай зынаргъ ын у бритайнаг пъӕлицӕйаджы сӕрзæнт. Сласта йӕ 1995 азы Ливерпулӕй, горæты 'мном командæ «Алани»-имæ куы хъазыд, уӕд. Уыцы хъазт ахицӕн 0:0 хыгъдӕй, ӕмӕ нӕ футболисттӕн УЕФА-йы Кубок рамбулын сӕ къухы нӕ бафтыд.
💬 «Пъӕлицӕйаджы худ мын, Ливерпулы куы хъазыдыстӕм, уæд балӕвар кодтой. Къухфыст дӕр ыл ис. Уым ахӕм хуыд ӕвдисӕндары бӕсты у. Таможнæйы мын ӕй куы федтой, уӕд мӕ фӕрсын райдыдтой, кӕцӕй дӕм ис, зӕгъгӕ. Зӕгъын, балӕвар мын æй кодтой», — зӕгъы Дзасохты Барис.
Ныртӕккӕ коллекци ис Барисы хӕдзары. 10 азӕй фылдӕр йӕ бӕллиц у музей саразын, фӕлӕ йӕ фарсмӕ ничи ӕрбалӕууыд. Куыд зӕгъы, афтӕмӕй республикӕйы хицауады уӕнгтимӕ ныхас кодта æмæ сын йӕ фӕндон фехъусын кодта. Сӕ зӕрдӕмӕ дӕр-иу фӕцыд, фӕлӕ ныхӕстӕй дарддӕр хъуыддаг нӕ цыдис. Кӕддӕр ын загътой, ома йӕ Джызӕлмӕ фӕндагыл клубы базӕйы скӕн, фӕлӕ не сразы, уымӕн ӕмӕ йӕм уырдӕм адӕм нӕ цӕудзысты.
💬 «Проект дӕр уыдис, фӕлӕ ныртӕккӕ йӕ сӕххӕст кӕнын нӕ уайы. Кӕм хъуамӕ уа? Мӕнӕ центры, центры. Ам. Цӕмӕй йӕм алкӕй бон дӕр уа ӕрбацӕуын», — зӕгъы Барис.
➡️ Барис йӕ зӕрдӕ дары, стадион «Спартак» куы саразой, уӕд дзы музейӕн бынат кӕй разындзӕн, ууыл.
⚫️ Дæхи «СапÆ»-йыл бафысс
Папелишвили Нодары, Владимир Олейникы, Зозыраты Игоры футболкӕтӕ, «Назарет»-ы къорды уӕнгтӕн сӕ уӕлӕ «Алани»-йы футболкӕтӕ, ахӕм къам, зӕрдылдарӕн вымпелтӕ ӕмӕ ма бирӕ ӕндӕр дзаумӕттӕ.
Уӕлдай зынаргъ ын у бритайнаг пъӕлицӕйаджы сӕрзæнт. Сласта йӕ 1995 азы Ливерпулӕй, горæты 'мном командæ «Алани»-имæ куы хъазыд, уӕд. Уыцы хъазт ахицӕн 0:0 хыгъдӕй, ӕмӕ нӕ футболисттӕн УЕФА-йы Кубок рамбулын сӕ къухы нӕ бафтыд.
Ныртӕккӕ коллекци ис Барисы хӕдзары. 10 азӕй фылдӕр йӕ бӕллиц у музей саразын, фӕлӕ йӕ фарсмӕ ничи ӕрбалӕууыд. Куыд зӕгъы, афтӕмӕй республикӕйы хицауады уӕнгтимӕ ныхас кодта æмæ сын йӕ фӕндон фехъусын кодта. Сӕ зӕрдӕмӕ дӕр-иу фӕцыд, фӕлӕ ныхӕстӕй дарддӕр хъуыддаг нӕ цыдис. Кӕддӕр ын загътой, ома йӕ Джызӕлмӕ фӕндагыл клубы базӕйы скӕн, фӕлӕ не сразы, уымӕн ӕмӕ йӕм уырдӕм адӕм нӕ цӕудзысты.
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
Хетӕгкаты Къостайы поэмӕ «Фатимӕ»-йы райдианы акростих кӕй номыл фыст у?
Anonymous Quiz
53%
Цæлыккаты Аннæйы
2%
Смирнова Галинæйы
42%
Попова Аннæйы
3%
Хуырымты Леляйы
Абоны цаутыл афӕлгӕсгӕйӕ, уӕ цӕст цавӕр ныхӕстыл ӕрхӕцыд?
➡️ Ацы изӕр уӕ зонгӕ кӕнӕм ног дзырдимӕ — къуыри.
⚫️ Дæхи «СапÆ»-йыл бафысс
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
Алы райсом пайдаимӕ!
📆 Кӕд цард чиныг у, уӕд йӕ бонтӕ — сыфтӕ. Чиныджы сыфтыл та ӕмбисӕндтӕ дӕр вӕййы.
#ӕлвӕст_хъуыдытӕ
#ӕлвӕст_хъуыдытӕ
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
Къуайсайы бонмӕ мыхуыры рауагътой горӕты æмном газеты фыццаг номыр
🔻 Ӕхсӕнадон-политикон газет «Къуайса» уадзыны хъӕппӕрис бахаста Къуайсайы астæуккаг скъолайы директор Тедеты Индирӕ. Фыццаг номыр фӕлварӕны хуызы бацӕттӕ кодтой. Куыд фӕстӕдӕр ӕй фӕнд кӕнынц ӕртӕ мӕйы иу хатт мыхуыр кӕнын. Ныртӕккӕ кусынц дыккаг номырыл, рацӕудзӕн Ног азы агъоммӕ.
💬 «Къуайса горӕт у. Алы горӕтӕн та хъуамӕ уа йӕхи мыхуыры фӕрӕз. Афтӕмӕй амалхъом адӕймаг Джуссойты Альбертимӕ видеоконференцийы рӕстӕг баныхас кодтам Горӕты бонмӕ газет рауадзын. Мӕ хъӕппӕрис фехъусын кодтон, цӕмӕй регионы ӕмӕ адӕмы тыххӕй газет уадзын райдайӕм. Бахӕс мын кодтой йӕ редактор суӕвын», — зӕгъы Тедеты Индирӕ.
Индирӕйы ныхӕстӕм гӕсгӕ, фыццаг номырыл бакуыста йе 'мбӕлттимӕ. Иннӕуыл кусдзысты хистӕркъласонтимӕ. Фӕнды сӕ, газет алы къуыри куыд цӕуа, уый, фӕлӕ зын кӕй уыдзӕн, уый дӕр ӕмбарынц. Уыйхыгъд Индирӕ зындзинӕдтӕй нӕ тӕрсы. Горӕты ӕрмӕг бирӕ кӕй ис, уый йӕ уырны.
💬 «Нӕ алыварс тынг бирӕ хорз адӕм кӕй цӕры, уый мӕ фӕнды равдисын. Уыимӕ Къуайса кӕддӕриддӕр архайдта паддзахады рӕзты ӕмӕ царды дӕр. Ис ӕрмӕст иу зын хъуыддаг — адӕм лидзынц», — зӕгъы Индирӕ.
Газеты фыццаг тираж мыхуыры рауагътой Цӕгат Ирыстоны. Ацы хъуыддаджы сын баххуыс кодтой Къуайсайӕ рацӕугӕ адӕм. Газет алкӕмæн дӕр уардзысты лӕвар.
⚫️ Дæхи «СапÆ»-йыл бафысс
Индирӕйы ныхӕстӕм гӕсгӕ, фыццаг номырыл бакуыста йе 'мбӕлттимӕ. Иннӕуыл кусдзысты хистӕркъласонтимӕ. Фӕнды сӕ, газет алы къуыри куыд цӕуа, уый, фӕлӕ зын кӕй уыдзӕн, уый дӕр ӕмбарынц. Уыйхыгъд Индирӕ зындзинӕдтӕй нӕ тӕрсы. Горӕты ӕрмӕг бирӕ кӕй ис, уый йӕ уырны.
Газеты фыццаг тираж мыхуыры рауагътой Цӕгат Ирыстоны. Ацы хъуыддаджы сын баххуыс кодтой Къуайсайӕ рацӕугӕ адӕм. Газет алкӕмæн дӕр уардзысты лӕвар.
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
Media is too big
VIEW IN TELEGRAM
Мюзикл ног хуызы фенын: оперӕ ӕмӕ балеты театр йæхи цӕттӕ кӕны «Фатимӕ»-йы премьерӕмæ
🔻 Мюзикл равдисдзысты мӕйы фӕстӕ. Ныртӕккӕ кӕнынц кӕронбӕттӕн цӕттӕгӕнӕн куыстытӕ. Хъуыстгонд поэмӕмӕ ног аивадон хуызы бакӕсын алкӕмӕн дӕр цымыдисаг у ӕмӕ йӕм радон театралон сезоны зӕрдиагӕй ӕнхъӕлмӕ кӕсынц.
💬 «Хетӕгкаты Къоста нын ныууагъта, арф хъуыды чи домы, бӕстон бакусын ӕмӕ аудын кӕуыл хъӕуы, ахӕм уацмыс. Ууыл бакусын нӕхицæн хæсыл дæр нӕ банымадтам, фӕлӕ фæлварæныл. Ныр нын ис мюзикл ног хуызы ӕмӕ ног зӕлынады фехъусыны фадат», — радзырдта «Сапӕ»-йӕн мюзикл «Фатимӕ»-йы аивадон разамонӕг Тайсауты Олег.
Актер Бӕззаты Эдуарды рагон бӕллиц сӕххӕст: кӕддӕриддӕр ӕй фӕндыд «Фатимӕ»-йы ахъазын. Ӕрыгонӕй — Ибрагимы ролы, фӕлӕ йӕ ӕндӕрӕн радтой. Ныр йӕ бӕллиц сӕххӕст — ахъаздзӕн мюзиклы. Ӕрмӕст къниаз Алымбеджы сурӕты.
💬 «Цы роль мын радтой, уый мын æввахс у зæрдæйæ дæр, удæй дæр — алцæмæй дæр. Карæй наиб уыди мæ карæн. Куыд фыд, афтæ мæнæн дæр ис чызджытæ. Æмæ йæ æмбарын, цы зæрдæйы уаг ын и», — зæгъы Эдуард.
Мюзикл у уырыссаг ӕвзагыл. Цалдӕр раны артисттӕ зардзысты иронау. Йӕ аразджыты фӕнды спектакль нырыккон хуызы равдисын, фӕлӕ йӕ национ хæдбындурдзинад ма хъуамӕ фесӕфа. Бирӕ рӕстӕг куыстой музыкӕйыл ӕмӕ артисттимӕ. Алкӕмӕн дӕр сӕ уыд уӕлӕмхасӕн вокалон ахуыртӕ.
💬 «Национ мелодитӕ дзы бирӕ уыдзӕн, кӕцыдӕртӕ дзы мӕхӕдӕг гыццыл нырыккон хуызы скодтон. Ӕз дӕр Кавказӕй дӕн ӕмӕ, традицион музыкӕ цы у, уый ӕмбарын. Арӕхстгай сæ аивдзыстӕм. Уымӕй уӕлдай сæм бафтаудзыстӕм, мюзиклтӕм дунейы цы домӕнтӕ ис, уыдонӕй кӕцыдӕртӕ. Къостайы гениалон поэмӕ цӕмӕй хорз рауайа, ууыл бакусдзыстӕм», — радзырдта нын композитор Артем Пысь.
Мюзиклыл бакуыстой мӕскуыйаг ӕмӕ ӕндӕр регионтӕй специалисттӕ. Артисттӕм дӕр бирӕ домӕнтӕ уыд ӕмӕ сӕ иугай ӕвзӕрстой. Мюзиклы ахъазын 100 адӕймагӕй фылдӕры фӕндыд, равзӕрстой ӕрмӕст 16.
💬 «Труппӕйы ис фӕлтӕрд актертӕ, ис нӕм хӕдахуыр актертӕ дӕр. Ахӕм курдиатджын сты, ӕмӕ се 'мкусджытӕй сӕ фӕстӕ бирӕты фӕуадздзысты», — зӕгъы мюзикл «Фатимæ»-йы продюсер Хабыцты Хъазыбег.
⚫️ Дæхи «СапÆ»-йыл бафысс
Актер Бӕззаты Эдуарды рагон бӕллиц сӕххӕст: кӕддӕриддӕр ӕй фӕндыд «Фатимӕ»-йы ахъазын. Ӕрыгонӕй — Ибрагимы ролы, фӕлӕ йӕ ӕндӕрӕн радтой. Ныр йӕ бӕллиц сӕххӕст — ахъаздзӕн мюзиклы. Ӕрмӕст къниаз Алымбеджы сурӕты.
Мюзикл у уырыссаг ӕвзагыл. Цалдӕр раны артисттӕ зардзысты иронау. Йӕ аразджыты фӕнды спектакль нырыккон хуызы равдисын, фӕлӕ йӕ национ хæдбындурдзинад ма хъуамӕ фесӕфа. Бирӕ рӕстӕг куыстой музыкӕйыл ӕмӕ артисттимӕ. Алкӕмӕн дӕр сӕ уыд уӕлӕмхасӕн вокалон ахуыртӕ.
Мюзиклыл бакуыстой мӕскуыйаг ӕмӕ ӕндӕр регионтӕй специалисттӕ. Артисттӕм дӕр бирӕ домӕнтӕ уыд ӕмӕ сӕ иугай ӕвзӕрстой. Мюзиклы ахъазын 100 адӕймагӕй фылдӕры фӕндыд, равзӕрстой ӕрмӕст 16.
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
Media is too big
VIEW IN TELEGRAM
Кӕрдӕджытӕ йӕхӕдӕг ӕмбырд кӕны ӕмӕ цай кӕны: Цхинвалы гонконгаг вафлитӕ кӕм кӕнынц, уыцы киоск куыд кусы
🔻 Афӕдз ӕмӕ 'рдӕджы размӕ 24-аздзыд Джыгкайты Николай йе 'мбалимӕ Цхинвалы центры байгом кодтой чысыл стрит-фуд. Бакуыстой ног хӕринӕгтыл — корн-догтӕ ӕмӕ гонконгаг вафлитыл. Николай сæ кæддæр Мӕскуыйы федта, хордта ӕмӕ йӕм афтӕ фӕкаст, цыма цхинвайлӕгты зӕрдӕмӕ дӕр фӕцӕудзысты. Куыд кӕнгӕ сты, уый базыдта ӕмӕ сӕ кӕнын сахуыр Дзӕуджыхъӕуы. Цхинвалмӕ ссӕугӕйӕ та зӕххы хай хаццоны райстой ӕмӕ базарад кӕнын райдыдтой. Кафейы цайы кой уайтагъд айхъуыст. Ӕмӕ куыд нӕ — кусджытӕ йӕ хӕхты сӕхӕдӕг ӕмбырд кӕнынц.
19-аздзыд Зассеты Аринӕ ахуыр кӕны университеты, фӕскуыст та кафейы кусы. Фӕнды йӕ психолог суӕвын. Ныр уал ахуыр кӕны адӕмимӕ кусын ӕмӕ ныхас кӕнын. Куыд ӕм кӕсы, афтӕмӕй йӕ кафемӕ дӕр, адӕмимӕ зӕрдӕхӕлар кӕй у, уый тыххӕй райстой.
💬 «Уарзын адӕмы ӕмӕ семӕ ныхас кӕнын. Ныртӕккӕ бирӕтӕ ӕрхӕндӕг сты, циндзинад сын нӕ фаг кӕны. Мӕн та сӕ фӕнды гыццыл бахъӕлдзӕг кӕнын, сӕ зӕрдӕтӕ сын барухс кӕнын. Уый мӕ куыстыл дӕр нымайын. Уӕддӕр адӕм фылдӕр ӕнкъарӕнты тыххӕй ӕрбацӕуынц. Ныры дуджы хӕлардзинад, зӕрдӕты хъарм ӕмӕ кӕрӕдзийы ӕмбарынад нӕ фаг кӕнынц», — зӕгъы Аринӕ.
Николайы ныхӕстӕм гӕсгӕ, сӕ куысты зындзинӕдтӕ гыццыл не сты, фӕлӕ сӕ уый нӕ уромы ӕмӕ нӕ тӕрсын кӕны.
💬 «Нӕ сӕйраг зындзинад у бынат. Фӕнды нӕ нӕ куыст фӕуӕрӕхдӕр ӕмӕ фӕпарахатдӕр кӕнын. Уымӕн нын фадат нӕй, фӕлӕ исты кӕй ӕрхъуыды кӕндзыстӕм, уый мӕ уырны. Хуыцауы фӕндӕй, кафе дӕр адӕмы зӕрдӕмӕ цӕуы», — радзырдта нын Николай.
⚫️ Дæхи «СапÆ»-йыл бафысс
19-аздзыд Зассеты Аринӕ ахуыр кӕны университеты, фӕскуыст та кафейы кусы. Фӕнды йӕ психолог суӕвын. Ныр уал ахуыр кӕны адӕмимӕ кусын ӕмӕ ныхас кӕнын. Куыд ӕм кӕсы, афтӕмӕй йӕ кафемӕ дӕр, адӕмимӕ зӕрдӕхӕлар кӕй у, уый тыххӕй райстой.
Николайы ныхӕстӕм гӕсгӕ, сӕ куысты зындзинӕдтӕ гыццыл не сты, фӕлӕ сӕ уый нӕ уромы ӕмӕ нӕ тӕрсын кӕны.
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
Media is too big
VIEW IN TELEGRAM
Мамысоны комплекс байгом уыдзӕн ацы зымӕг
🔻 Ныртӕккӕ курорты трассӕты зӕхх лӕгъз кӕнынц. Ацы зымӕг алкӕй бон дæр уыдзӕн йӕхи алы трассӕтыл бафӕлварын: ӕнцонтӕй суанг, дӕсны спортсментӕ кӕм архайынц, ахӕмты онг. Сӕ иумӕйаг дӕргъ у 14 километры. Фӕстӕдӕр ма курорты фӕзындзӕн ноджы 5 трассӕйы.
Специалисттӕ ма цӕттӕ кӕнынц дыууӕ ӕфсӕнбӕндӕн фӕндаджы. Ныридӕгӕн сын быцӕутӕ сӕвӕрдтой, монтаж кӕнынц цыппар станцӕйы. Октябры ӕфсӕн канаттӕ райдайдзысты кӕрӕдзиуыл бӕттын.
💬 «Ӕфсӕнбӕндӕн фӕндӕгтыл куы дзурӕм, уӕд куыстытӕ кӕронмӕ фӕхӕццӕ кӕнынц. Дыууӕ фӕндаджы скодтам: иу М1 фӕндагыл ис 21 быцӕуы, М2 фӕндагыл та — 13 быцӕуы. Хӕстӕгдӕр мӕй-мӕй ӕмӕ ӕрдӕджы фӕстӕ сӕ фӕлварын райдайдзыстӕм», — радзырдта нын Кавказ.РФ-ы генералон директоры хӕдивӕг Владимир Лапухин.
Курорты уыдзысты митгӕнӕг генератор ӕмӕ трассӕтӕ цӕттӕгӕн уӕззау машинӕтӕ — ратрактӕ. Сӕ фӕрцы митвӕндӕгтӕ ӕнцондӕр лӕгъзгӕнӕн уыдзӕн. Цалдӕр фӕндаджы цӕудзысты доны сӕрты, уый тыххӕй сараздзысты 3 хиды. Сӕ алкӕй уӕрх дæр — 20 метры. Ныртӕккӕ куыстытӕ цӕуынц дӕлвӕзты дӕр, аразынц дзы фысымуӕттӕ, машинӕтӕн лӕууӕн бынӕтӕ, бирӕфадатджын центр. Фыццаг уазджытӕм та ӕнхъӕлмӕ кӕсынц декабры. Сӕ бон ӕрфысым кӕнын уыдзӕн глэмпинг-паркты.
⚫️ Дæхи «СапÆ»-йыл бафысс
Специалисттӕ ма цӕттӕ кӕнынц дыууӕ ӕфсӕнбӕндӕн фӕндаджы. Ныридӕгӕн сын быцӕутӕ сӕвӕрдтой, монтаж кӕнынц цыппар станцӕйы. Октябры ӕфсӕн канаттӕ райдайдзысты кӕрӕдзиуыл бӕттын.
Курорты уыдзысты митгӕнӕг генератор ӕмӕ трассӕтӕ цӕттӕгӕн уӕззау машинӕтӕ — ратрактӕ. Сӕ фӕрцы митвӕндӕгтӕ ӕнцондӕр лӕгъзгӕнӕн уыдзӕн. Цалдӕр фӕндаджы цӕудзысты доны сӕрты, уый тыххӕй сараздзысты 3 хиды. Сӕ алкӕй уӕрх дæр — 20 метры. Ныртӕккӕ куыстытӕ цӕуынц дӕлвӕзты дӕр, аразынц дзы фысымуӕттӕ, машинӕтӕн лӕууӕн бынӕтӕ, бирӕфадатджын центр. Фыццаг уазджытӕм та ӕнхъӕлмӕ кӕсынц декабры. Сӕ бон ӕрфысым кӕнын уыдзӕн глэмпинг-паркты.
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
Абоны цаутыл афӕлгӕсгӕйӕ, уӕ цӕст цавӕр ныхӕстыл ӕрхӕцыд?
➡️ Ацы изӕр уӕ зонгӕ кӕнӕм ног дзырдимӕ — зӕрдӕ.
⚫️ Дæхи «СапÆ»-йыл бафысс
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
Алы райсом пайдаимӕ!
📆 Кӕд цард чиныг у, уӕд йӕ бонтӕ — сыфтӕ. Чиныджы сыфтыл та ӕмбисӕндтӕ дӕр вӕййы.
#ӕлвӕст_хъуыдытӕ
#ӕлвӕст_хъуыдытӕ
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
Беслæны æрбадынæввонг хæдтæхæджы пилотты чидæр лазерæй бакуырм кæныныл архайдта
🔻 Знон изӕрӕй кӕйдӕр лазеры рухс хъыгдардта, Домодедовойӕ Дзӕуджыхъӕумӕ чи тахт, уыцы Airbus A319-ы пилотты. «Сапӕ» куыд базыдта, афтӕмӕй уӕлдӕфон нау уыд аэропортӕй 3 километры дарддӕр.
Уыцы хъуыддаг уӕддӕр тӕхджыты нӕ фӕкъуылымпы кодта ӕмӕ хӕдтӕхӕг, куыд ӕмбæлы, афтӕ 'рбадын кодтой. Рейс ӕххӕст кодта авиакомпани S7. Зноны цау равзарыныл ныртӕккӕ кусынц транспортон пъӕлицӕйы кусджытӕ.
➡️ Дыууӕ боны размӕ ахӕм хабар æрцыд Цӕцӕны дӕр. Ам та лазеры цъӕх тын ныддардтой «Аэрофлот»-ы хӕдтӕхӕджы пилоттæм. Рейс уыд Анталийӕ Грознæмӕ. Хъыгдард ничи баййӕфта.
⚫️ Дæхи «СапÆ»-йыл бафысс
Уыцы хъуыддаг уӕддӕр тӕхджыты нӕ фӕкъуылымпы кодта ӕмӕ хӕдтӕхӕг, куыд ӕмбæлы, афтӕ 'рбадын кодтой. Рейс ӕххӕст кодта авиакомпани S7. Зноны цау равзарыныл ныртӕккӕ кусынц транспортон пъӕлицӕйы кусджытӕ.
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
Йе 'мкусӕгӕн фыдмитӕ бакӕнынӕй кӕй азымджын кӕнынц, уыцы прокурорӕн Мӕскуыйы тӕрхондон рахаста ахст уӕвыны 'мгъуыд фӕдӕргъвӕтин кӕныны тӕрхон
🔻 Мӕскуыйы Басманы районы тӕрхондон Григорий Авакянӕн рахаста ахӕстоны ноджы 3 мӕйы фӕуыны тæрхон. Хъахъхъӕнджыты цӕстдарды бын уыдзӕн 16-ӕм декабрмӕ. «Сапӕ» куыд базыдта, афтӕмӕй азымджыны фарс ахӕм уынаффӕимӕ разы нӕу ӕмӕ Мӕскуыйы горӕты тӕрхондонмӕ балӕвӕрдтой апелляци. Ӕркӕсдзысты йӕм 2-ӕм октябры.
➡️ «Сапӕ» куыд фыста, афтӕмӕй Цӕгат Ирыстоны сылгоймаг-прокурортӕй иу ныффыста хъаст, Авакян ын фыдмитӕ кӕй бакодта, уый тыххӕй. Нӕлгоймаджы ӕрцахстой июлы. Августы йын йӕ хъуыддаг арвыстой Мӕскуымӕ, Слестгӕнӕн комитеты сӕйраг управленимӕ.
⚫️ Дæхи «СапÆ»-йыл бафысс
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
Раздӕры омбудсмен Цхуырбаты Татьянӕ: царды рӕдыд фӕндагыл чи ацыд, уыцы сывӕллӕтты хъуамӕ рабӕрӕг кӕной скъолаты психологтӕ
🔻 Хуссар Ирыстоны парламенты сӕрдары фыццаг хӕдивӕг Бесаты Зитӕ куыд фехъусын кодта, афтӕмӕй, царды рӕдыд фӕндагыл чи ацыд, уыцы сывӕллӕттӕн сӕрмагонд уагдон нӕ хъӕуы. Ахӕм кӕстӕртимӕ 2021 азӕй 2023 азмæ фӕкуыста раздӕры омбудсмен Цхуырбаты Татьянӕ. «Сапӕ»-йӕн куыд радзырдта, афтӕмӕй ахӕм ӕвзонг лӕппутӕ ӕмӕ чызджытӕ фыдракӕндтӕ арӕх саразынц.
💬 «Колони нӕ, ӕцӕгӕйдӕр, нӕ хъӕуы. Ахӕм сывӕллӕттимӕ хорз арæхстысты мидхъуыддӕгты министрады ӕнахъом сывӕллӕттимӕ кусӕг хайады. Уыимӕ канд горӕты нӕ, фӕлӕ хъӕуты дӕр. Ӕдзух-иу уавӕрмӕ лӕмбынӕг кастысты, зындзинӕдтыл-иу куыстой ӕмӕ сӕ иуварс кодтой. Мӕнӕ исты уадиссаг фыдракӕнд бакодтой, зӕгъгӕ, ахӕм цаутӕ нӕм нӕ уыд. Мӕ рӕстӕджы ӕрмӕст дыууӕ ахӕм сывӕллоны уыд», — радзырдта Татьянӕ.
Йӕ хъуыдымӕ гӕсгӕ, ахӕм кӕстӕртимӕ хъуамӕ фылдӕр милицӕ нӕ, фӕлӕ скъолаты психологтӕ кусой.
💬 «Ахуыргӕнӕндӕтты специалисттӕ сӕ куыст хорз куы кӕниккой, уӕд нӕм, зынархайд кӕстӕртӕ кӕй хонынц, ахӕмтӕ уӕвгӕ дӕр нӕ уаид», — зӕгъы раздӕры омбудсмен.
Йӕ ныхасмӕ ма бафтыдта, ӕхсӕнадон организацитӕ сын стыр ӕххуыс кӕй уаиккой, уый.
💬 «Иннӕ бӕстӕтӕй уӕлдай нӕм ахӕм ӕхсӕнадон организацитӕ нӕй. Уӕвгӕ, ахӕм сывӕллӕттимӕ кусын йӕ ныфс чи хӕссы, уыдон дӕр стӕм сты», — загъта Цхуырбаты Татьянӕ.
⚫️ Дæхи «СапÆ»-йыл бафысс
Йӕ хъуыдымӕ гӕсгӕ, ахӕм кӕстӕртимӕ хъуамӕ фылдӕр милицӕ нӕ, фӕлӕ скъолаты психологтӕ кусой.
Йӕ ныхасмӕ ма бафтыдта, ӕхсӕнадон организацитӕ сын стыр ӕххуыс кӕй уаиккой, уый.
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
Абоны цаутыл афӕлгӕсгӕйӕ, уӕ цӕст цавӕр ныхӕстыл ӕрхӕцыд?
➡️ Ацы изӕр уӕ зонгӕ кӕнӕм ног дзырдимӕ — хӕдтӕхӕг.
⚫️ Дæхи «СапÆ»-йыл бафысс
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
Алы райсом пайдаимӕ!
📆 Кӕд цард чиныг у, уӕд йӕ бонтӕ — сыфтӕ. Чиныджы сыфтыл та ӕмбисӕндтӕ дӕр вӕййы.
#ӕлвӕст_хъуыдытӕ
#ӕлвӕст_хъуыдытӕ
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
«Нырмӕ кӕм уыдыстут?»: Дзӕуджыхъӕуы нӕ фаг кӕнынц медицинон тагъд ӕххуысы машинӕтӕ
🔻 6-ӕм сентябры сихормӕ хӕстӕг Н. Мараты мады бахъуыд медицинон ӕххуыс ӕмӕ бадзырдта тагъд ӕххуысы станцӕмӕ. Сылгоймагӕн йæ ахсӕны ис хъӕдгом.
💬 «Тагъд ӕххуысы машинӕ нӕм сахат ӕмӕ фынддæс минуты цыд. Мӕ мад тынг уӕззау уавӕры кӕй уыдис, уымӕ гӕсгӕ нӕм ӕрбарвыстой реанимацийы хӕдтулгӕ. Дохтыртӕ куы ссыдысты ӕмӕ йӕм куы 'ркастысты, уӕд ӕй аластой Горӕтгӕрон районы рынчындонмӕ», — радзрдта «Сапӕ»-йӕн Н. Марат.
Мараты бинонтӕ Ногиры цӕрынц. Бахъуаджы рӕстӕг хъӕумӕ ссӕуынц Дзӕуджыхъӕуы тагъд медицинон ӕххуысы станцӕйы бригадӕтӕ. Уыцы бон та радхӕссӕг уыд Горӕтгӕрон районы рынчындон ӕмӕ тыхст адæмы уырдӕм ластой. Фӕлӕ районы медицинон уагдоны рентген-аппарат нӕ куыста ӕмӕ, цæмæй сылгоймагӕн рентген скӕной, уый тыххæй уал ӕй баластой поликлиникӕмӕ. Уым та иннӕ бӕллӕх: уагдоны пандусыл сӕ бон схизын нӕ уыд. Тыххӕй-фыдӕй пациенты мидӕмӕ баластой, ӕмбӕлгӕ мадзӕлттӕ йын скодтой, уый фӕстӕ йӕ рынчындоны схуыссын кодтой.
Горӕтгӕрон районы рынчындоны дохтыртӕй Марат тынг бузныг у. Цы хъуыдис, уый йӕ мадӕн тагъд ӕмӕ ӕмбӕлгӕ хуызы скодтой. Фӕлӕ тагъд ӕххуысы машинӕмӕ цас рӕстӕг ӕнхъӕлмӕ кастысты, уый куы 'рхъуыды кӕны, уӕд йӕ мастӕн кӕрон нал вӕййы.
💬 «Афтӕ ӕрӕгмӕ цӕмӕн уыдыстут, зӕгъгӕ, сӕ куы афарстон, уӕд мын радзырдтой, уыцы бон 35 машинӕйы бӕсты 12 йеддӕмӕ кӕй нӕ куыстой, уый», — зӕгъы Марат.
«Сапӕ»-йӕн куыд радзырдтой, афтӕмӕй Дзӕуджыхъӕуы медицинон тагъд ӕххуысы станцӕ лӕггад кӕны Дзӕуджыхъӕу, Ногир, Михайловскӕ, Алханчурт, Заводы поселок, Южный, Карца, Спутник, Редант, Балта, Эзми, Цыми ӕмӕ Ларсӕн. Нормӕтӕм гӕсгӕ, ахӕм фӕзуатыл аххӕссынӕн хъæуы 35 машинӕйы, фӕлӕ дзӕвгар къаддӕр вӕййынц. Зӕгъӕм, ивгъуыд къуырийы боныгон куыста 18-20 бригадӕйы, ӕхсӕвы уыдысты 18-23.
➡️ Республикӕйы ӕнӕниздзинадхъахъхъӕнынады министрадӕй «Сапӕ»-йы фарстытӕн дзуапп ничи радта.
⚫️ Дæхи «СапÆ»-йыл бафысс
Мараты бинонтӕ Ногиры цӕрынц. Бахъуаджы рӕстӕг хъӕумӕ ссӕуынц Дзӕуджыхъӕуы тагъд медицинон ӕххуысы станцӕйы бригадӕтӕ. Уыцы бон та радхӕссӕг уыд Горӕтгӕрон районы рынчындон ӕмӕ тыхст адæмы уырдӕм ластой. Фӕлӕ районы медицинон уагдоны рентген-аппарат нӕ куыста ӕмӕ, цæмæй сылгоймагӕн рентген скӕной, уый тыххæй уал ӕй баластой поликлиникӕмӕ. Уым та иннӕ бӕллӕх: уагдоны пандусыл сӕ бон схизын нӕ уыд. Тыххӕй-фыдӕй пациенты мидӕмӕ баластой, ӕмбӕлгӕ мадзӕлттӕ йын скодтой, уый фӕстӕ йӕ рынчындоны схуыссын кодтой.
Горӕтгӕрон районы рынчындоны дохтыртӕй Марат тынг бузныг у. Цы хъуыдис, уый йӕ мадӕн тагъд ӕмӕ ӕмбӕлгӕ хуызы скодтой. Фӕлӕ тагъд ӕххуысы машинӕмӕ цас рӕстӕг ӕнхъӕлмӕ кастысты, уый куы 'рхъуыды кӕны, уӕд йӕ мастӕн кӕрон нал вӕййы.
«Сапӕ»-йӕн куыд радзырдтой, афтӕмӕй Дзӕуджыхъӕуы медицинон тагъд ӕххуысы станцӕ лӕггад кӕны Дзӕуджыхъӕу, Ногир, Михайловскӕ, Алханчурт, Заводы поселок, Южный, Карца, Спутник, Редант, Балта, Эзми, Цыми ӕмӕ Ларсӕн. Нормӕтӕм гӕсгӕ, ахӕм фӕзуатыл аххӕссынӕн хъæуы 35 машинӕйы, фӕлӕ дзӕвгар къаддӕр вӕййынц. Зӕгъӕм, ивгъуыд къуырийы боныгон куыста 18-20 бригадӕйы, ӕхсӕвы уыдысты 18-23.
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
Афӕдзы кӕронмӕ Дзӕуджыхъӕуы уынгты фӕзындзӕн 130 ног пандусы
🔻 Уый тыххӕй горӕты администраци радих кодта 2,16 милуан сомы. Фӕндӕгты хӕдзарады управленийы «Сапæ»-йæн куыд радзырдтой, афтæмæй куыстытӕ райдайдзысты хӕстӕгдӕр рӕстӕг.
Ӕдӕппӕтӕй Дзæуджыхъæуы 24 уынджы скӕндзысты 130 пандусы.
📄 Уыдзысты горӕты алы районты: Къостайы проспекты цалдӕр раны, Мамсыраты Хаджумары, Хъесаты Астаны, Гагкаты Алиханы, Дзанайты Иваны, афтæ ма Чкаловы, Павленкойы, Марковы, Леваневскийы, Ларионовы, Гикалойы, Дзержинскийы, Ватутины, Барбашовы, Тельманы ӕмӕ ӕндӕр уынгты.
➡️ Куыстытӕ фӕнд кӕнынц 2024 азы кӕронмӕ фӕуын.
⚫️ Дæхи «СапÆ»-йыл бафысс
Ӕдӕппӕтӕй Дзæуджыхъæуы 24 уынджы скӕндзысты 130 пандусы.
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM