This media is not supported in your browser
VIEW IN TELEGRAM
Махары ӕртӕ фырты.
Зары Зӕнджиаты Урысби
Зары Зӕнджиаты Урысби
This media is not supported in your browser
VIEW IN TELEGRAM
Орнелла Моргоева. Отлично исполнила.
«Рагæй нырмæ нæ хуыздæр бæллиц уый уыди, æмæ нæ мæгуыр адæмы хъуыддæгтæ аразгæйæ, тæлмацтæ æмæ писыртæ куынæуал хъæуид, æмæ хи æвзаджы руаджы адæмты культурæйæ хайджын куы бауаиккой. Ныр нын уыцы фадат куы фæзынди Советон хицауады руаджы, уæд нæ не ’взаг цыма нæ хъæуы, уый хуызæн нæхи скодтам.
Абоны онг ирон æвзагæн царды бынат кæй нæй, уый тыххæй адæм дæр дис кæнынц, цæмæн сын ахуыр кæнынц сæ сывæллæтты иронау. Цæгат Ирыстоны хъазахъхъы станицæты фендзыстут ирон сывæллæтты — уыдон ныккодтой уырдæм сæ ныййарджытæ уырыссаг æвзаг зонынмæ, уырыссаг чиныджы ахуыр кæнынмæ. Цæмæн афтæ у, зæгъгæ, сæ куы фæрсай, уæд зæгъынц, нæ сывæллон, дам, фæндаджы фаг исты базона. Хуссар Ирыстоны дæр ахæм ныхæстæ арæх фехъусдзынæ.
Афтæ уыди кæддæриддæр, кæмдæриддæр: адæм фыццаджыдæр цардмæ кæсынц æмæ сæ царды мидæг цы нæ хъæуы, уымæй сæхи дард ласынц.
Уал æмæ уал азы дæргъы мах дæр дзургæ бæргæ кæнæм национализаци аразыны тыххæй, фæлæ дзурынæй æддæдæр нырма иу къахдзæф нæма акодтам.
А сæрды Дзæуджыхъæуы, иумæйаг æмбырды, иттæг зæрдиагæй дзырдтой нæ хицæуттæ национализаци аразыны тыххæй. Ныхæстæм чи байхъуыстаид, уый загътаид, мæнæ, зæгъгæ, съезд куыддæр фæуа, афтæ уæхскуæзæй бавналдзыстæм национализаци аразынмæ. Съезд фæци, къуыритæ æмæ мæйтæ аивгъуыдтой, æмæ та национализацийæн йæ кой нал ис». (Коцойты Арсен)

Кæйдæрты, зæгъынц, нæ фæнды, Ирыстоны цæргæйæ, ирон æвзаг ахуыр кæнын. Уымæн ис иунæг мадзал - мах кæрæдзимæ алкæмдæр æмæ алкæддæр хъуамæ дзурæм æмæ фыссæм нæ мадæлон æвзагыл. Уæд иннæты дæр æнæбары бафæнддзæн. Æмæ цыдæр "этикеты" кой ма уал кæнут. Уыцы хъæзтыты хъазгæйæ, фесæфын кæндзыстæм не 'взаг. Ацы фарстайы алкæмæндæр ис йæ хæсы бæрц, алчидæр не 'взаджы хъысмæтыл дзуапп дæттæг у. Кæд дæ мадæлон æвзагыл нæ дзурыс, уæд ды дæр йæ марджытæй иу дæ...
Тамерлан Камболти
Тамерлан Камболти
Хӕххон цардӕй.
Нӕ фыдӕлтӕн хӕхты
Къуӕндӕг уыд сӕ цард,
Уӕддӕр- иу сӕ сӕртӕн
Уыдис ыстыр кад.
Ӕгъдауыл, ӕфсармыл
Куы уыдысты хӕст,
Архайдтой сӕ цардыл,
Нӕ уыд се 'хсӕн змӕст.
Уыдысты уым кадджын,
Уыдысты ӕмзонд.
Бӕстон ӕмӕ 'гъдауджын
Ӕмхуызон, хӕрззонд.
Уыдис сӕм сылгоймаг
Нӕлгоймаджы 'мсӕр,
Лӕвӕрдтой дзӕбӕх кад
Ӕдзухдӕр лӕгӕн.
Ирон туг, ирон лӕг
Кӕм ызмӕлӕ, уым
Вӕййынц уым сӕхӕдӕг
Ысгуыхт аппӕтыл.
Таутиаты Елӕмырзӕ.
Нӕ фыдӕлтӕн хӕхты
Къуӕндӕг уыд сӕ цард,
Уӕддӕр- иу сӕ сӕртӕн
Уыдис ыстыр кад.
Ӕгъдауыл, ӕфсармыл
Куы уыдысты хӕст,
Архайдтой сӕ цардыл,
Нӕ уыд се 'хсӕн змӕст.
Уыдысты уым кадджын,
Уыдысты ӕмзонд.
Бӕстон ӕмӕ 'гъдауджын
Ӕмхуызон, хӕрззонд.
Уыдис сӕм сылгоймаг
Нӕлгоймаджы 'мсӕр,
Лӕвӕрдтой дзӕбӕх кад
Ӕдзухдӕр лӕгӕн.
Ирон туг, ирон лӕг
Кӕм ызмӕлӕ, уым
Вӕййынц уым сӕхӕдӕг
Ысгуыхт аппӕтыл.
Таутиаты Елӕмырзӕ.