Forwarded from Ирон Муми
#1
ТÆМÆССАГ ЗЫМÆГ
ФЫЦЦАГ СÆРГОНД. Миты бын хæдзар.
Арв уыд сау-сауид, мит та, мæйрухсы, ирдцъæх.
Ихын æмбæрзæны бын æнцад бафынæй денджыз. Зæххы та, уидæгты æхсæн арф, æппæт лыстæг цæрæгойтæ æмæ сасчытæ сæ фынты уыдтой уалдзæг. Фæлæ ма уалдзæгмæ ауайынтæ хъуыд — ног аз йæ барты нырма ныр бацыд.
Тæрф

(долина)
фæлмæн æмæ æрдзонæй хохмæ кæм фæхæрд кодта(подниматься
), уым лæууыд митæй æмбæрзт хæдзар. Æнахуыр хъæпæнау(сугроб)
кастис тынг хидæгæй(одинокий)
. Йæ тæккæ фарсмæ, ихын былгæрæтты ‘хсæн тасыд æвзалыйау сау дон. Тагъд лæсæн(течение, поток)
æй ныссæлынæй хызта(оберегать)
зымæджы дæр. Фæлæ доны сæрты æппæрст хидыл фæдтæ нæ зынд. Хæдзары алыварс дæр миты хъæпæнтæ лæзæрыдысты æнæвнæлдæй.ÆРЫМЫС-ИУ МÆН...
Ныууагътай дæ фæстæ
Ды сонтæй дæ бæстæ, —
Æрымыс-иу мæн...
Изæрæй фæлладæй
Фæндагыл æнцадæй
Куы зарай «дæ-да-дæй»
Дæ уарзон бæхæн, —
Æрымыс-иу мæн..
Куы ’ркæса дæм дардæй
Мæй арвæй æнкъардæй, —
Æрымыс-иу мæн...
Дæ хорз бæх куы стайа
Дæ быны, куы сайа
Дæу аууон, куы уайа
Дæ цæстыл ингæн, —
Æрымыс-иу мæн...
Фæндагыл куы кæнат
Фæлладæй æхсæвуат, —
Æрымыс-иу мæн...
Йæ митæ фæуыны
Хуыссæг лæг йæ фыны:
Дæ нымæт дæ быны
Куы ’ркæнай фæлмæн, —
Æрымыс-иу мæн...
Ды искуы фæндагыл
Куы фембæлай знагыл, —
Æрымыс-иу мæн...
Фæхæцай, нæ хæцай,
Дæ риуыл куы хæцай,
Дæ туджы куы мæцай,
Нывонды хуызæн, —
Æрымыс-иу мæн...
Илас Æрнигон
Ныууагътай дæ фæстæ
Ды сонтæй дæ бæстæ, —
Æрымыс-иу мæн...
Изæрæй фæлладæй
Фæндагыл æнцадæй
Куы зарай «дæ-да-дæй»
Дæ уарзон бæхæн, —
Æрымыс-иу мæн..
Куы ’ркæса дæм дардæй
Мæй арвæй æнкъардæй, —
Æрымыс-иу мæн...
Дæ хорз бæх куы стайа
Дæ быны, куы сайа
Дæу аууон, куы уайа
Дæ цæстыл ингæн, —
Æрымыс-иу мæн...
Фæндагыл куы кæнат
Фæлладæй æхсæвуат, —
Æрымыс-иу мæн...
Йæ митæ фæуыны
Хуыссæг лæг йæ фыны:
Дæ нымæт дæ быны
Куы ’ркæнай фæлмæн, —
Æрымыс-иу мæн...
Ды искуы фæндагыл
Куы фембæлай знагыл, —
Æрымыс-иу мæн...
Фæхæцай, нæ хæцай,
Дæ риуыл куы хæцай,
Дæ туджы куы мæцай,
Нывонды хуызæн, —
Æрымыс-иу мæн...
Илас Æрнигон
Forwarded from Ævicon bæstæ
Аланский Военачальник , 5 век н.э.
Alan Warlord, 5th century AD.
Alan Warlord, 5th century AD.
МАМСЫРАТЫ ТЕМЫРБОЛАТ (1845-1898)
Нӕ литературӕйы ы историйы баззади, фыццаг ирон профессионалон поэт, зӕгъгӕ , уыцы номимӕ. Йӕ хъысмӕт т, йӕ царды фӕндгтӕ рауадысты трагикон. 1865 азы Кавказы адӕмтӕй бирӕтӕ Туркмӕ куы алыгъдысты, уӕд Уæрæсейы ӕфсады афицер (корнет) Мамсыраты Темырболат дӕр уыди семӕ . Сӕ райгуырӕн Ирыстонӕй цух адӕм фӕндӕгтыл ӕмӕ ӕцӕгӕлон бӕстӕйы цы ӕбуалгъ хъизӕмӕртӕ бавзӕрстой, уыдон поэт равдыста йӕ уацмысты. Иуӕй-иутӕ дзы систы адӕмон зарджытӕ,ӕмӕ сӕ Ирыстонмӕ ӕрбахастой донайдзаутӕ 1877-1878 азты уырыссаг-туркаг хӕстӕй чи ’рбаздӕхт, уыдон.
Ӕмдзӕвгӕтӕй иу («Сагъӕстӕ») адӕмон зарӕджы хуызы 1881 азы, «Ирон этюдтӕ», зӕгъгӕ, уыцы чиныджы рауагъта В. Ф. Миллер. Поэты сфӕлдыстадимӕ Ирыстоны базонгӕ сты 1920 азы — уӕд ын йӕ къухфыстыты иу хай Дзӕуджыхъӕумӕ ӕрбаласта инӕлар Куындыхаты Муссӕйы фырт Бечырби (Бекир-Бей Сами), Турчы фӕсархйнаг хъуыддӕгты министр.

САГЪӔСТӔ
Дысон-бонмӕ бафынӕй
Ме уӕнгтӕ нӕ куырдтой,
Мӕ цӕстытӕ дзагъырӕй Ӕрцъынд кӕнын нӕ куымдтой.
Уӕ! Нӕ хӕхтӕ , нӕ бӕстӕ , Куыд ма цӕрӕм уӕ фӕстӕ!..
«Фӕхуд, фӕхуд дӕхиуыл! — Зӕгъгӕ, мӕм бӕстӕ ысдзырдта,
— Нӕл хуы схуыссыд мӕ риуыл»,
— Зӕгъгӕ , йӕхӕдӕг ыскуыдта.

«Ӕз уӕ саби, уӕ мӕллӕг Зӕрдӕйы рухсӕн куы хастон. Ӕз уе стӕгдар, уӕ хӕррӕгъ Мӕ хуылфы куы дардтон.
Ныр тыхы бон ӕдыхӕй Дыууӕ дихы куы фестут
Ӕмӕ иу ран дӕр мӕн тыххӕй Ысхӕцынхъом куы не стут».

Нӕ райгуырӕн, нӕ бӕстӕ , Цардӕн адджын ды куы дӕ ! Цард нӕ курӕм дӕ фӕстӕ, Зӕрдӕйы рухс дӕр ды куы дӕ !

Иттӕг хорз нын ракӕнис, — Цӕттӕ дын стӕм мӕлынмӕ, — Дӕхимӕ нӕ ку’ акӕнис Залымимӕ хӕцынмӕ.

Кӕмдӕриддӕр, дӕ цӕуӕт, Нӕхи дӕ номӕй куы хӕссӕм. Цыфӕнды тых ныл ӕрцӕуӕд, — Ӕгад нӕ сӕрмӕ нӕ хӕссӕм.

Нӕ райгуырӕн , нӕ бӕстӕ , Удӕн уд дӕр куы дӕ !
Цард н’ агурӕм дӕ фӕстӕ, Зӕрдӕйы уӕлӕ хуыд куы дӕ !

Урс базыл сау цӕссыг Тынгӕй-тынгдӕр куы цыдис.
------------------------------------------------
Уӕд мӕм кӕцӕйдӕр ӕрдзырдис:
«Уӕ! Бӕстӕй скъуыд, ӕфхӕрд лӕг!
Дӕуӕн куы ис ӕнхъӕлцау, Куы йӕ зоныс дӕхӕдӕг , Дӕ дин ӕмӕ дӕ Хуыцау».
Иунӕг Хуыцау сабыр у, — Иу хатт махмӕ дӕ ракӕсдзӕн. Мӕгуыры дуа хъабыл у — Тӕригъӕд нын бакӕндзӕн.

Forwarded from рухс_ссудз (Irina Kadzova)
Æмæ мын æваст куы фехъусын кодтаиккой, нæ дæ амардзыстæм, дæ хæдзармæ афардæг у, зæгъгæ, уæддæр æндæрхуызон нæ фæуыдаин, уыцы стырзæрдæйæ баззадаин: мæнæйуый, æнусон цардыл нал æууæндыс æмæ ма дын цы уæлдай у — цалдæр сахаты ма цæрдзынæ æви цалдæр азы. Ныр мæ ницыуал æндæвта, ме ‘нцойдзинад мын ничиуал хъыгдардта.
Жан - Поль Сартр "Сис"
Жан - Поль Сартр "Сис"
ХЪÆДЫ СУСÆГДЗИНÆДТÆ
Хæхты аныгъуылди бон.
Æврагъ хуры тын нæ уагъта.
Рухс æм дзуры: «Уæ, хæрзбон...»
Æхсæв тар пæлæз æруагъта.
Бæстæ бацъынд и, ныхъхъус.
Зарынц дидинджытæ иумæ.
Калынц, калынц та сæ рухс
Цадæн стъалытæ йæ риумæ.
Найы цады арв йæхи,
Цады стъалытæ æрттивы,
Федтон цады бын сæхи...
Цады хуыз фæливы, ивы.
Бæстæ иууылдæр — æнцад.
Уæлдæф дидинджыты тилы.
Банцад хъæды бын дæр цад.
Хъæндил дидинджытыл хилы.
Уый æрттывдтытæ кæны,
У цыма æцæг ыстъалы.
Арвæй стъалытæ кæлы —
Хауынц цады, хауынц малы.
Ракаст сусæгæй нæ мæй,
Тауы тархъæды йæ тынтæ.
Хъæр фæцыд: «Цæв æй, цæв æй!»
Федта тархъæд та фыдфынтæ:
Хъæды бахæцыд кæмдæр
Иу лæг иннæмæн йæ хурхыл.
Хъæдæй фехъуыст-ма йæ хъæр,
Мардæй ахаудта уый дуртыл...
Иу ран хъæдæй ма æцæг
Тар уыг бæласæй дзыназы...
Ис ма сау туджы мæцæг...
Бирæгъ та кæйдæр туг нуазы.
Токаты Алихан
Хæхты аныгъуылди бон.
Æврагъ хуры тын нæ уагъта.
Рухс æм дзуры: «Уæ, хæрзбон...»
Æхсæв тар пæлæз æруагъта.
Бæстæ бацъынд и, ныхъхъус.
Зарынц дидинджытæ иумæ.
Калынц, калынц та сæ рухс
Цадæн стъалытæ йæ риумæ.
Найы цады арв йæхи,
Цады стъалытæ æрттивы,
Федтон цады бын сæхи...
Цады хуыз фæливы, ивы.
Бæстæ иууылдæр — æнцад.
Уæлдæф дидинджыты тилы.
Банцад хъæды бын дæр цад.
Хъæндил дидинджытыл хилы.
Уый æрттывдтытæ кæны,
У цыма æцæг ыстъалы.
Арвæй стъалытæ кæлы —
Хауынц цады, хауынц малы.
Ракаст сусæгæй нæ мæй,
Тауы тархъæды йæ тынтæ.
Хъæр фæцыд: «Цæв æй, цæв æй!»
Федта тархъæд та фыдфынтæ:
Хъæды бахæцыд кæмдæр
Иу лæг иннæмæн йæ хурхыл.
Хъæдæй фехъуыст-ма йæ хъæр,
Мардæй ахаудта уый дуртыл...
Иу ран хъæдæй ма æцæг
Тар уыг бæласæй дзыназы...
Ис ма сау туджы мæцæг...
Бирæгъ та кæйдæр туг нуазы.
Токаты Алихан
ДЗУАПП
Сæттын: фæдзурын сонтæй,
Мæ хъуыды — субъективон, —
Фæлæ ма ныр зæрондæй
Мæ уды сконд куыд ивон?
Цы ис рæсугъд, дзæбæхæй,
Уый хъулон уарзт фæкæнын;
Цы равзæры фыдæхæй,
Фæнды мæ уый ныгæнын.
Гадзрахатæй куы цæуай
Дæ адæмыл, дæ бæстыл,
Мæнæн та хорз куы фæуай,
Уæд дæр куыдз дæ мæ цæсты.
Джыккайты Шамил
Сæттын: фæдзурын сонтæй,
Мæ хъуыды — субъективон, —
Фæлæ ма ныр зæрондæй
Мæ уды сконд куыд ивон?
Цы ис рæсугъд, дзæбæхæй,
Уый хъулон уарзт фæкæнын;
Цы равзæры фыдæхæй,
Фæнды мæ уый ныгæнын.
Гадзрахатæй куы цæуай
Дæ адæмыл, дæ бæстыл,
Мæнæн та хорз куы фæуай,
Уæд дæр куыдз дæ мæ цæсты.
Джыккайты Шамил
Л.Н.Толстойы роман "Хаджи - Мурат" - ӕй скъуыддзаг
Æфсæдтæ кæдæм бабырстой æмæ цы хъæу фехæлдтой, уый уыд, Хаджи-Мурат йæхи уырысы къухмæ цы бон радта, уымæн йæ фыццаг бон æхсæвиуат æмæ фысым кæм бакодта, уыцы хъæу.
Хаджи-Мураты фысым Садо йæ бинонтимæ хохмæ йæхи айста, уырысы æфсæдтæ куы ’рбаввахс сты, уæд. Фæстæмæ та хъæумæ куы æрыздæхти, уæд йæ хæдзар хæлдæй æрæййæфта: цар ныккалд, дуар æмæ тыргъы цæджындзтæ басыгъдысты, хæдзар мидæгæй чъизидзинадæй фесæфтой. Садойы фырты, Хаджи-Муратмæ хъæлдзæгæй чи каст, уыцы рæсугъд цæхæрцæст лæппуйы мæзджыты цурмæ мардæй æрхастой бæхыл нымæтæй æмбæрзтæй. Фæсте, чъылдымырдыгæй йæ арцæй барæхуыстæуыд, æмæ арц буары иннæрдыгæй ахызт. Лæппуйы мад, Хаджи-Муратæн æгъдау чи лæвæрдта, лæггад ын чи кодта, уыцы хæрзæгъдау, æфсæрмджын сылгоймаг гомриуæй, зæронд зæбул дзидзитимæ æмæ хæлд дзыккуйæ йæ фырты уæлхъус лæууыд æмæ, йæ рустæ тонгæйæ, Хуыцаумæ дзыназгæйæ, йæ риу хоста, хъарджытæ кодта. Садо къахæн æмæ бел айста æмæ йæ хæстæджытимæ ингæн къахынмæ ацыд йæ фыртæн. Зæронд лæг, лæппуйы фыдыфыд, хæлд хæдзары сисы æнцой бадт æмæ йæ размæ бæхмæ æнкъардæй æдзынæг каст. Уый мыддар уыд æмæ нырма ныртæккæ æрбаздæхт фæстæмæ. Чыргъæдты цур цы дыууæ цъынайы уыд, уыдонæн сæ кой дæр нал уыд — зынг сыл бандзæрстой. Ныппырх кодтой æмæ басыгътой мыдычыргъæдтæ дæр æд бындзытæ иууылдæр. Устыты кæуын æмæ æрдиаг дардмæ хъуыст. Æнахъом сабитæ хæкъуырццæй куыдтой сæ мадæлтимæ. Стонг фосы богъ-богъ цыд алырдыгæй, — бахæринаг сын нал уыд. Хъомыл сывæллæттæ нæ хъазыдысты, фæлæ тарст цæстæнгасæй кастысты хистæртæм.
Суадон барæй чъизидзинадæй фесæфтой, æмæ дзы дон сисынмæ нал бæззыд. Уымæй фылдæр — мæзджыт, æмæ йæ молло йæ сохтæимæ сыгъдæг кодта. Адæм чысылæй-стырæй уырысмæ цы зæрдæ дардтой, уымæн зæгъæн дæр нæ уыд. Сæ цæстысындз сæ федтой æмæ сæм туджджынæй фыддæр зæрдæ дардтой. Адæмыл сæ нæ нымадтой, куыйты йеддæмæ сæм æндæр ницæмæй дзырдтой, æлгъаг сæ кодтой. Сæ налат, сæ хъæбæр дурзæрдæйы тыххæй сæм ахæм цæстæй кастысты, æмæ йæхиуыл ничи фæхæцыдаид, йæ цæст ничи фæныкъуылдтаид — ныццагътаиккой сæ, мæнæ адæм уырыты, маргджын хæлуарджыты, бирæгъты æмæ кæлмыты куыд цæгъдынц, афтæ. Адæмы дыууæ барæй бар уыд — кæнæ сæ баззайын хъуыд сæ цæрæн бæсты æмæ тыхтæй-амæлттæй, стыр зынтæй сæ фæстæмæ саразын хъуыд, ацал-ауал азы туг кæуыл фæкалдтой, стыр фыдæбæттæй кæй фæцарæзтой æмæ уырыс æмбойны, æнæчетарæй, æнцон, æдылыйы фæндагыл кæй ныппырх кодтой, уыцы фæллæйттæ, уый дæр тасы бын, катайтæ кæнгæ, сомбон та сын сæ куы фехалой, уымæй тæрсгæйæ. На уый нæй: сæ дины ныхмæ сæ ныллæууын хъуыд, сæ мастыл сæ ныххæцын хъуыд æмæ æнæбары, æвæндонæй, æлгъагыл кæй нымадтой, уæнгæл сын чи уыд, се сæфт кæмæй уыдтой, уыцы уырысы къухмæ сæ раттын хъуыд сæхи.
Зæронд лæгтæ бакуывтой æмæ се ’ппæт дæр æмхуызонæй, æмдзыхæй бауынаффæ кодтой Шамилмæ минæвæрттæ арвитын, цæмæй сын баххуыс кæна, уый тыххæй, æмæ сæ хæлддзæгтæй фæстæмæ хæдзæрттæ аразыныл ныллæууыдысты.

Кард - ӕхсар ӕмӕ намысы хотых
Кард дунейы мифты æмæ эпосты хуымæтæг дзаума нæу, Уый у удджын, ис ын йæхи сæрмагонд æууæлтæ. Кардини куыд фыссы, афтæмæй кард у удгоймаг
Удгоймагæн вæййы ном. А. Гуревич зæгъы: «Гермайнæгтæм уыдис æгьдау -кадджын хотыхыл ном æвæрын» . Ахæм фæтк хицон уыд æндæр адæмтæн дæр. А. Смирнов фыссы: «Номдзыд хæстонтæ кардæн æмæ бæхæн лæвæрдтой сæрмагонд нæмттæ». Ацы хъуыддаг традицион уыд иры фыдæлтæн дæр. Рæсугъд нæмттæ ис эпосты геройты кæрдтæн: Зигфриды цирыхъ - Бальмунг («Песнь о Нибелунгах»), Роланды цирыхъ - Дюрандаль («Песнь о Роланде»), къарол Артур дурæй кæй рафтыдта, уыцы кард - Эскалибур. Алæмæты кард ис Нарты Батрадзмæ дæр. Иу варианты йæ ном у Хъандзал-Кард (НК,Ш, 567), иннæ варианты - Дзус-Хъара (НК, 111,599). Батрадз йæ фыды тугмæ цæгъды Нарты «йæ кард Дзус-Хъара æмæ йæ бæх Дур-Дуры тыхæй» (НК, III, 595). Ацы кард знæгты цæгъды йæхæдæг дæр (НК, III, 596).
Хæдхæцæг карды кой арæх кæнынц аргъæуттæ дæр. Уый цæгъды зиæгты, кæрды тыхгæнджыты, къуыхтæ кæны залиаг кæлмыты.
Кард хæстон тыхы символ кæй у, уый ирон фольклоры зыны бирæ хуызты. Калмы хуызы цы æртæ хойы бацæуынц, уыдон мæгуыр лæгæн лæвар кæнынц алæмæт дзауматæ: хæдон, хызын æмæ хъама. Кардмæ ис ахæм миниуæг: лæг æй куы сласы, уæд йæ алыварс февзæры бирæ хæстонтæ, æмæ уыдонимæ лæг сæтты бонджынты хæрам тыхтæ. Ацы мифон мотивæвдисы карды уæлæрдзон миниуæг: уый йæхæдæг иунæгæй ахады æфсады бæрц, уый у æхсар æмæ тыхы символ.
Джыккайты Шамил "Рагон ирон цард ӕмӕ адӕмы зондахаст. Миф,фольклор, ӕгъдау "

УАСТЫРДЖИ
Бонæй-æхсæвæй мах балцы хæдзарæй
Дæрдæй-хæстæгæй кæдæмфæнды цом, —
Давæгæй, раст лæгæй, знагæй, хæларæй —
Иууыл дын, Уастырджи, арынц дæ ном.
Ракæс нæм рухс цæстæй, ракæс нæ хæхтæй,
Д' арфæ нæ Ирæн æнæвгъау ды зæгъ,
Ма скафæд, ма схъазæд, оххай, йæ къæхтæй,
Сызгъæрин Уастырджи, махыл дæ бæх!